2026 АЗЫ 2–8 МАРТЪИЙЫ
97 ЗАРӔГ Адӕймаг цӕры Хуыцауы Ныхасы фӕрцы
Алкӕддӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар
2026 АЗЫ СТИХ: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (МАТФ. 5:3).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйы разамындмӕ хъусӕм ӕмӕ ӕцӕг амондджын уӕм.
1. Йегъовӕ нӕ куыд сфӕлдыста? (Матфейы 5:3).
ЙЕГЪОВӔ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ цӕрынӕн ӕнӕмӕнг хъӕуы хӕринаг, дзаума ӕмӕ кӕм цӕрӕм, уый. Ӕнӕ уыдӕттӕй кӕнӕ мӕлгӕ акӕниккам кӕнӕ нӕ цард тынг зын уаид. Фӕлӕ ма афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды Хуыцауы зонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. (Бакӕс Матфейы 5:3.) Цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, нӕ бон ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын кӕй нӕу, уый, ӕввахсдӕр ӕм кӕнӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс дарӕм.
2. Нӕ уавӕр мӕгуыргуры уавӕры хуызӕн цӕмӕй у?
2 «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон»-ӕй цы грекъаг дзырдбаст ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ нысан кӕны «удӕй мӕгуыр чи у, уыдон». Ацы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ адӕймагӕн йӕ цӕстытыл ауайы, уынджы бызгъуыртӕ дзаумӕтты зӕххыл чи бады, ахӕм мӕгуыргур. Иннӕтӕ йӕ рӕзты фӕцӕуынц ӕмӕ йыл былысчъилтӕ кӕнынц. Фырӕххормагӕй тынг ныллӕмӕгъ. Боныгон ӕй хур судзы, ӕхсӕвы та уазалы сӕлы. Уыцы мӕгуыргур зоны, иннӕты ӕххуыс ӕй ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, цӕмӕй ма амӕла ӕмӕ фӕфидардӕр уа. Раст афтӕ, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон дӕр зонынц, Хуыцауы ӕххуыс сӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы.
3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
3 Ацы статьяйы фыццаг аныхас кӕндзыстӕм, йӕ чызджы тыххӕй Йесойӕн чи лӕгъстӕ кодта, баххуыс ын кӕн, зӕгъгӕ, уыцы финикийаг сылгоймагыл. Ӕмӕ базондзыстӕм, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдонмӕ цавӕр ӕртӕ миниуӕджы хъуамӕ уа. Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм Петры, Павелы ӕмӕ паддзах Давиды цӕвиттонтыл. Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй сын Йегъовӕ ӕххуыс кодтаид ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдтаид.
ЦАВӔР ӔРТӔ АХСДЖИАГ МИНИУӔДЖЫ НӔМ ХЪУАМӔ УА?
4. Финикийаг сылгоймаг Йесомӕ цӕмӕн ӕрбацыд?
4 Иухатт Йесомӕ ӕрбацыд иу финикийаг сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ йын йӕ чызджы «хӕйрӕджытӕ удхарӕй мардтой» (Матф. 15:21–28). Сылгоймаг Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта, баххуыс мын кӕн, зӕгъгӕ. Ӕркӕсӕм, уыцы сылгоймаг Йесойӕ ӕххуыс куы куырдта, уӕд цы диссаджы миниуджытӕ равдыста, уыдонмӕ.
5. Йесо финикийаг сылгоймагӕн цӕмӕн баххуыс кодта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
5 Финикийаг сылгоймаг равдыста ӕцӕг сӕрныллӕгдзинад. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Уымӕн ӕмӕ йӕ Йесо къӕбылаимӕ куы абарста, уӕд ӕм нӕ фӕхъыг. Ӕвӕццӕгӕн, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдон-иу хӕдзары къӕбылатӕ дардтой, ӕмӕ сылгоймаг уыцы ныхӕстӕ йӕхицӕн ӕфхӕрдыл нӕ банымадта. Ды та Йесойы ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастаис? Фӕхъыг ӕм уыдаис ӕмӕ ацыдаис? Финикийаг сылгоймаг афтӕ нӕ бакодта. Уый ӕрмӕст сӕрныллӕгдзинад нӕ равдыста, фӕлӕ ма фидардзинад дӕр. Йесойӕ дарддӕр дӕр ӕххуыс куырдта. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ зыдта, йӕ бон ын баххуыс кӕнын кӕй у. Йесо куы федта, фидар уырнындзинад ын кӕй ис, уӕд ӕй бафӕндыд, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Ӕмӕ йын кӕд афтӕ загъта, «ӕз ӕрвыст дӕн ӕрмӕстдӕр Израилы адӕммӕ», зӕгъгӕ, уӕддӕр ын йӕ чызджы сдзӕбӕх кодта.
Финикийаг сылгоймаг равдыста сӕрныллӕгдзинад, фидардзинад ӕмӕ уырнындзинад, ӕмӕ йын Йесо баххуыс кодта (кӕс 5 абзац)
6. Финикийаг сылгоймаджы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
6 Мах дӕр хъуамӕ сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ Хуыцаумӕ кувӕм, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна. Ӕрмӕстдӕр сӕрныллӕг адӕймаг кувдзӕн ӕппынӕдзух Хуыцаумӕ. Стӕй ма хъуамӕ ӕууӕндӕм Йесо Чырыстийыл ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоныл (Матф. 24:45–47). Сӕрныллӕгдзинад куы февдисӕм, арӕх куы фӕкувӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар куы вӕййы, уӕд нын Йегъовӕ ӕмӕ Йесо ӕхсызгонӕй феххуыс кӕнынц. (Абар Иаковы 1:5–7.) Ныр та ӕркӕсӕм, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм ӕмӕ базонӕм, нӕ бон куыд у Петры, Павелы ӕмӕ паддзах Давиды фӕзмын.
ПЕТРАУ ДАРДДӔР ДӔР ХУЫЦАУЫ НЫХАС ИРТАС
7. Йесо Петрӕн цы бахӕс кодта ӕмӕ Петры йӕхи дӕр цы хъуыд аразын? (Дзуттӕгтӕм 5:14–6:1).
7 Ӕркӕсӕм апостол Петры цӕвиттонмӕ. Петр бамбӕрста, Йесо Мессийӕ кӕй у ӕмӕ, «ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ» Йегъовӕ уый уылты кӕй дзуры (Иоан. 6:66–68). Йесо йын уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ загъта: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм» (Иоан. 21:17). Петр Йесомӕ байхъуыста, ӕмӕ ӕмбырдты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ахуыр кодта. Йегъовӕ ма йын дыууӕ фыстӕджы дӕр ныффыссын кодта ӕмӕ фӕстӕдӕр йӕ фыстӕджытӕ Библимӕ хаст ӕрцыдысты. Фӕлӕ Петр хъуамӕ йӕхӕдӕг дӕр Фыстад иртӕстаид. Зӕгъӕм, иртӕста Павелы фыстӕджытӕ, кӕд дзы «зынӕмбарӕн бынӕттӕ дӕр» уыд, уӕддӕр (2 Пет. 3:15, 16). Уый нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн уыдӕттӕ бамбарынӕн ӕмӕ, цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ архайынӕн. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 5:14–6:1.)
8. Петр Йегъовӕйы ног разамындмӕ цы цӕстӕй ракаст?
8 Петрӕн фидар уырнындзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы разамындмӕ хъуыста. Зӕгъӕм, Иоппийы куы уыд, уӕд ын иубон цӕстылуайӕны зӕд загъта, цӕмӕй, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, чъизийыл нымад чи уыд, ахӕм цӕрӕгойты аргӕвстаид ӕмӕ сӕ бахордтаид. Петр дзуттаг уыд, ӕмӕ йӕм зӕды ныхӕстӕ тынг ӕнахуыр фӕкастысты ӕмӕ загъта: «Нӕ, Хицау, цытӕ дзурыс! Ӕз чъизи ӕмӕ нӕфӕтчиагӕй никуы ницы бахордтон». Фӕлӕ йын зӕд загъта: «Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый чъизи мауал хон» (Хъуыд. 10:9–15). Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Петр йӕ зондахаст аивта. Уый кӕцӕй зонӕм? Цӕстылуайӕн куы федта, уымӕй йӕм гыццыл фӕстӕдӕр ӕртӕ нӕлгоймаджы ӕрбацыд ӕмӕ йын загътой, сӕ хицау Корнилий йӕ йӕхимӕ кӕй хоны. Корнилий дзуттаг кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ йын Петр йӕ хӕдзармӕ хӕстӕг дӕр нӕ бацыдаид. Дзуттаг дины разамонджытӕ адӕмы ахуыр кодтой, цӕмӕй, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдоны хӕдзӕрттӕм хӕстӕг ма цыдаиккой (Хъуыд. 10:28, 29). Фӕлӕ Йегъовӕ Петрӕн куы равдыста, ныр ӕй кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр хорз хабар фехъусой, уӕд уайтагъд йӕ зондахаст аивта, ӕмӕ ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй рацыд (Ӕмб. 4:18). Петр Корнилийӕн ӕмӕ, йӕ хӕдзары йӕ хиуӕттӕй ӕмӕ йе ’мбӕлттӕй чи уыд, уыдонӕн хорз хабары тыххӕй радзырдта. Уыдон Йесойыл баууӕндыдысты, сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ донаргъуыд райстой (Хъуыд. 10:44–48).
9. Хуыцауы Ныхас хуыздӕр бамбарыныл куы архайӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?
9 Петрау мах дӕр хъуамӕ ӕдзух Библи иртасӕм. Цы фӕкӕсӕм, уый арӕх ӕнцон ӕмбарӕн вӕййы. Фӕлӕ ахсджиаг у, цӕмӕй, раздӕр цы не ’мбӕрстам, уый бамбарыныл-иу бацархайӕм. Хъуамӕ нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ тыхтӕ ма ’вгъау кӕнӕм, цӕмӕй-иу Хуыцауы Ныхас хуыздӕр бамбарӕм. Уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уый нын пайда ӕрхӕсдзӕн дыууӕ хъуыддаджы: 1) Йегъовӕйы тыххӕй цы базонӕм, уый фӕрцы йӕ тынгдӕр бауарзӕм ӕмӕ йын тынгдӕр кад кӕнын райдайӕм; 2) Йегъовӕ цы диссаджы Хуыцау у, уый тыххӕй ног цыдӕртӕ куы базонӕм, уӕд нӕ бафӕнды уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын (Ром. 11:33; Рарг. 4:11). Петры цӕвиттонӕй ма цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Библийы цавӕрдӕр ахуырад ӕндӕрхуызон ӕмбарын куы райдайӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ зондахаст ивыныл ӕмӕ уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ архайыныл фӕстӕ ма кӕнӕм. Ӕрмӕстдӕр нын уӕд дӕтдзӕн Йегъовӕ разамынд ӕмӕ йын нӕ бон уыдзӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын.
ПАВЕЛАУ ДӔ УДЫХЪӔД НОГМӔ ИВ
10. Колоссӕгтӕм 3:8–10 стихтӕм гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна?
10 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ разамынд дӕтта, уӕд хъуамӕ нӕ удыхъӕды рӕзын кӕнӕм, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ. Ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕмбарын кӕны, уый куыд ис аразӕн. Павел фыста, «зӕронд удыхъӕд... ныууадзут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут», зӕгъгӕ. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:8–10.) Уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Бирӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕ бон уа, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ ӕвдисын. Ахъуыды-ма кӕнӕм Павелыл. Йе ’рыгон бонтӕй фӕстӕмӕ тынг архайдта Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл (Гал. 1:14; Фил. 3:4, 5). Фӕлӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куыд хъӕуы, уый раст не ’мбӕрста. Стӕй Йесойы тыххӕй дӕр рӕстдзинад нӕ зыдта. Уымӕй уӕлдай ма Павел уыд сӕрбӕрзонд адӕймаг, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ рухс кодта. Павел йӕхи тыххӕй загъта, «ӕдзӕсгом адӕймаг уыдтӕн», зӕгъгӕ (1 Тим. 1:13).
11. Павел цы хъуамӕ аивтаид? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.
11 Цалынмӕ Павел чырыстон не сси, уӕдмӕ тынг мӕстыгӕр уыд. Хъуыддӕгты чиныджы фыст ис, Павел чырыстӕттӕм «мӕстӕй [кӕй] фыхти ӕмӕ сӕм [кӕй] ӕртхъирӕн кодта, иу дӕр сӕ нал ныууадздзынӕн, зӕгъгӕ» (Хъуыд. 9:1). Ӕмӕ чырыстон куы сси, уӕд тынг архайдта, цӕмӕй йӕ удыхъӕд ногмӕ раивтаид (Еф. 4:22, 31). Фӕлӕ уӕддӕр Павел ӕнӕрӕдигӕ нӕ уыд. Зӕгъӕм, Варнавӕимӕ куы фӕбыцӕу сты, уӕд тынг смӕсты (Хъуыд. 15:37–39). Уӕд Павел йӕхи куыд равдыста, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ барухс. Фӕлӕ 1 Коринфӕгтӕм 9:27 стихмӕ гӕсгӕ, йӕ буар дарддӕр дӕр хъизӕмарӕй мардта, ома йе ’нӕххӕстдзинадимӕ тох кодта, цӕмӕй дзы Йегъовӕ райгонд уыдаид.
12. Павелӕн йӕ бон йӕ удыхъӕд ногмӕ ивын цӕй фӕрцы уыд?
12 Павелӕн йӕ бон уыд йӕ зӕронд удыхъӕд ногмӕ ивын, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс йӕхиуыл нӕ дардта (Фил. 4:13). Уый дӕр Петрау йӕ ныфс дардта, «Хуыцау цы хъаруйӕ хайджын кӕны, ууыл» (1 Пет. 4:11). Фӕлӕ-иу хатт фӕрӕдыд, ӕмӕ-иу йӕ ныфс асаст. Уыцы рӕстӕг-иу Павел хъуыды кодта, Йегъовӕ йын хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттыл. Уый фӕрцы-иу ӕм тыхтӕ фӕзынд, цӕмӕй дарддӕр дӕр хуыздӕрырдӕм ивтаид ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодтаид (Ром. 7:21–25).
13. Нӕ бон куыд у Павелы фӕзмын?
13 Кӕд Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр дӕр архайӕм нӕ удыхъӕд ногмӕ ивыныл. Куы-иу фӕрӕдийӕм, зӕгъӕм, куы-иу смӕсты уӕм кӕнӕ-иу искӕй куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ бон нӕу Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Хъуамӕ-иу уӕддӕр архайӕм хуыздӕрырдӕм ивыныл (Ром. 12:1, 2; Еф. 4:24). Стӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм иу ахсджиаг хъуыддаг: кӕд нӕ фӕнды нӕ удыхъӕд ногмӕ ивын, уӕд хъуамӕ хуыздӕр ӕмбарӕм, Йегъовӕ нӕ цы домы, уый.
ДАВИДЫ ФӔЗМ ӔМӔ ДӔУӔН ДӔР ЙЕГЪОВӔ ДЕ ’МБӔХСӔН УӔД
14, 15. Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны? (Псалом 27:5). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
14 Цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕ не ’мбӕхсӕн уа. Фӕлӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ хъахъхъӕна?
15 Паддзах Давид фидарӕй зыдта, зын рӕстӕджыты Йегъовӕ йе ’мбӕхсӕн бынат кӕй уыдзӕн. (Бакӕс Псалом 27:5.) Йегъовӕ абон йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны? Уый сӕ хъахъхъӕны, сӕ уырнындзинадӕн сын зиан цы ’рхӕсдзӕн, уыдӕттӕй. Йегъовӕ дзырд радта, нӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн (Пс. 34:7; Ис. 54:17). Кӕд Хӕйрӕг, дӕлимонтӕ ӕмӕ нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон тыхджын сты, уӕддӕр Йегъовӕ уыдонӕй тыхджындӕр у. Ӕмӕ нын кӕд нӕ цард дӕр байсой, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн (1 Кор. 15:55–57; Рарг. 21:3, 4). Йегъовӕ ма нын баххуыс кӕны, истӕуыл тынг куы фӕмӕт кӕнӕм, уӕд. Уый фӕрцы йын нӕ бон вӕййы дарддӕр дӕр лӕггад кӕнын (Ӕмб. 12:25; Матф. 6:27–29). Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд ма нын радта, зын рӕстӕджыты нын нӕ ныфсыл ныфс чи бафтауы, ахӕм хоты ӕмӕ ’фсымӕрты. Уымӕй уӕлдай ма нын радта хистӕр нӕлгоймӕгты. Уыдон нӕ ахуыр кӕнынц ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа (Ис. 32:1, 2). Стӕй ма ӕмбырдты базонӕм, Йегъовӕ ма нӕ куыд хъахъхъӕны, уый (Дзут. 10:24, 25).
Хо ӕмбырдтӕм кӕй цӕуы, уымӕй ӕвдисы, Йегъовӕйы ӕххуыс ӕй кӕй хъӕуы (кӕс 14, 15 абзацтӕ)
16. Йегъовӕ Давиды куыд хъахъхъӕдта?
16 Давид Йегъовӕйы коммӕ куы каст, уӕд ын Йегъовӕ раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кодта. (Абар Ӕмбисӕндтӕ 5:1, 2.) Фӕлӕ-иу йӕ коммӕ куы нӕ бакаст, уӕд-иу раст уынаффӕтӕ нӕ рахаста ӕмӕ-иу ӕй Йегъовӕ нӕ бахъахъхъӕдта, йӕ уынаффӕтӕ-иу цы ӕвзӕр фӕстиуджытӕм ӕркодтой, уыдонӕй (2 Сам. 12:9, 10). Фӕлӕ иннӕты аххосӕй дӕр бирӕ мӕстытӕ бавзӕрста. Ӕмӕ-иу уӕд Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй куывта. Йегъовӕ-иу ӕй ӕрсабыр кодта, йӕ уарзтӕй-иу ӕй батавта ӕмӕ-иу ын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йӕ нӕ ныууадздзӕн (Пс. 23:1–6).
17. Нӕ бон куыд у Давиды фӕзмын?
17 Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ нӕ бон у Давидау Йегъовӕйӕ разамынд курын. Мах нӕ зӕрдыл дарӕм: хатт зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлӕм, уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ баххуыс кодта. Афтӕ рауайы, нӕхӕдӕг раст уынаффӕтӕ кӕй нӕ рахастам, уый тыххӕй (Гал. 6:7, 8). Фӕлӕ кӕд зындзинӕдтыл иннӕты аххосӕй сӕмбӕлӕм, уӕддӕр Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй фӕкувӕм ӕмӕ фӕзонӕм, нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нын нӕ зонд кӕй бахъахъхъӕндзӕн (Фил. 4:6, 7).
ДАРДДӔР ДӔР ДӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАР
18. Абон бирӕтӕ цавӕр зондыл хӕст сты ӕмӕ дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразӕм? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
18 2026 азы стих у: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон». Абон уӕлдай ахсджиаг у Йегъовӕйы разамындмӕ хъусын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ абон бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ разамынд ницӕмӕн хъӕуынц. Бирӕтӕ та Хуыцауыл ӕууӕндынц, фӕлӕ йын кувынц, сӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ. Бирӕтӕ та сӕ ныфс дарынц адӕмы зондыл. Фӕлӕ сӕ ӕцӕг амондджын нӕй схонӕн. Ахӕм адӕмы зондахастӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм? Мах хъӕуы дарддӕр дӕр Хуыцауы Ныхас иртасын, нӕ удыхъӕды, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ фидар кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйы разамынд агурын.
Хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, нӕ удыхъӕд ногмӕ ивӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕ не ’мбӕхсӕн уа (кӕс 18 абзац)a
162 ЗАРӔГ Хъуамӕ Хуыцауимӕ уон ӕнгом
a НЫВ. Уӕлдӕр нывыл чи уыд, уыцы хо «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» статья ахуыр кӕны, хӕларзӕрдӕдзинад ӕвдисы, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йӕ кӕй абӕрӕг кодтой, уый тыххӕй сӕ бузныг у.