Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 декабрь 8–13 фф.
  • Иовы чиныджы фӕрцы нӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Иовы чиныджы фӕрцы нӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ИОВӔН ЙЕ ’РТӔ ӔМБАЛЫ ЦАВӔР УЫНАФФӔ РАДТОЙ?
  • ЕЛИУЙ ИОВӔН УЫНАФФӔ КУЫД РАДТА?
  • ИОВЫ ЧИНЫГ ДЫН ДАРДДӔР ДӔР ПАЙДА ХӔССӔД
  • Йегъовӕ йын йӕ мӕстытӕ ферох кӕнын кодта
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Иовы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Иовы чиныг нын зын рӕстӕджыты баххуыс кӕндзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • «Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 декабрь 8–13 фф.

49 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

44 ЗАРӔГ Ныфссаст адӕймаджы куывд

Иовы чиныджы фӕрцы нӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын

«Ныр дӕ, Иов, курын, мӕ ныхӕстӕм мын байхъус» (ИОВ 33:1).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Иовы чиныг нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн хорз уынаффӕтӕ дӕттӕм.

1, 2. Иовы ӕртӕ ӕмбалӕн ӕмӕ Елиуйӕн зын цӕмӕн уыд Иовы бафидар кӕнын?

УЫЦЫ хабар ахӕлиу, арт куыд тагъд ахӕлиу вӕййы, афтӕ. Йӕ хъӕздыгдзинадӕй зындгонд чи уыд, уыцы адӕймаг, Иов, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый фесӕфта. Йе ’ртӕ ӕмбалы – Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софар куы базыдтой, Иовыл цы ’рцыд, уый, уӕд ацыдысты Уцы зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаиккой. Фӕлӕ куы ’рцыдысты, ӕмӕ Иовы афтӕмӕй куы федтой, уӕд хорзау нал фесты.

2 Иовмӕ цы бирӕ фыстӕ, стуртӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ уыд, уыдонӕй ӕнӕхай фӕци. Йӕ сывӕллӕттӕ цы хӕдзары уыдысты, уый ныккалд, ӕмӕ иууылдӕр фӕмард сты. Йӕ лӕггадгӕнджытӕй та йын сӕ фылдӕры карды комӕй ныццагътой. Ӕмӕ йын цыма уый фаг нӕ уыд, уыйау ма йӕхӕдӕг дӕр уӕззау низӕй фӕрынчын. Йӕ буар риссаг хъӕдгӕмттӕй нал зынди. Йе ’ртӕ ӕмбалы дардӕй федтой, Иов фӕнычы ныфссастӕй куыд бады. Авд боны сӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд, бадтысты ӕмӕ кастысты, куыд удхар кӕны, уымӕ (Иов 2:12, 13). Иуафон ӕрбацыд иу ӕрыгон нӕлгоймаг, Елиуй, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ фарсмӕ сбадт. Ӕппынфӕстаг Иов дзурын райдыдта – йӕ райгуырӕн бон ӕлгъыста ӕмӕ мӕлӕтмӕ бӕллыд (Иов 3:1–3, 11). Бӕрӕг уыд, Иовы ӕххуыс кӕй хъуыд. Йе ’мбӕлттӕн уыди фадат, цӕмӕй Иовы бафидар кодтаиккой ӕмӕ равдыстаиккой, ӕцӕгдӕр ыл кӕй тыхстысты, уый. Цымӕ уый сӕ къухы бафтыд?

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Йегъовӕ Моисейӕн ныффыссын кодта, Иовы ӕртӕ ӕмбалы ӕмӕ Елиуй цы дзырдтой ӕмӕ цы арӕзтой, уыдӕтты тыххӕй. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Елифаз кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕй иуӕй-иутӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕлимонӕй уыдысты. Елиуйы ныхӕстӕ та уыдысты Хуыцауы фӕндӕй фыст (Иов 4:12–16; 33:24, 25). Уӕдӕ диссаг нӕу, Иовы чиныджы кӕй ис ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ фыст ӕмӕ дзы кӕй ис ӕппӕты ӕвзӕрдӕр уынаффӕтӕ дӕр. Мах ӕркӕсдзыстӕм, Иовы чиныг нын куыд баххуыс кӕндзӕн, не ’мбӕлттӕй нӕ искӕмӕн уынаффӕ раттын куы бахъӕуа, уӕд. Фыццаг уал ӕркӕсдзыстӕм Иовы ӕртӕ ӕмбалы ӕвзӕр цӕвиттонмӕ. Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм Елиуйы хорз цӕвиттоныл. Алы хабарӕй дӕр базондзыстӕм, Иовы чиныг израилӕгтӕн цы пайда ӕрхастаид ӕмӕ абон махӕн цы пайда хӕссы, уый.

ИОВӔН ЙЕ ’РТӔ ӔМБАЛЫ ЦАВӔР УЫНАФФӔ РАДТОЙ?

4. Иовы ӕртӕ ӕмбалӕн сӕ бон цӕуылнӕ сси Иовы бафидар кӕнын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

4 Библийы фыст ис, Иовӕн йе ’ртӕ ӕмбалы куы фехъуыстой, цы бӕллӕхтӕ йыл ӕрцыд, уыдоны тыххӕй, уӕд ӕм кӕй ацыдысты, «цӕмӕй йӕ фарсмӕ балӕууыдаиккой ӕмӕ йын ныфсытӕ бавӕрдтаиккой» (Иов 2:11). Фӕлӕ сӕ фӕнд сӕ къухы нӕ бафтыд. Цӕуылнӕ? Ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг: Иовмӕ нӕ хъуыстой ӕмӕ нӕ архайдтой, уыцы бӕллӕхтӕ йыл цӕмӕн ӕрцыдысты, уый бамбарыныл. Уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Иов йӕ тӕригъӕдты тыххӕй баййӕфта ӕфхӕрд (Иов 4:7; 11:14)a. Дыккаг: Иовӕн цы уынаффӕтӕ лӕвӕрдтой, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты ӕнӕпайда. Стӕй йын уынаффӕтӕ фӕлмӕнӕй нӕ лӕвӕрдтой ӕмӕ йын сӕ ныхӕстӕй йӕ зӕрдӕ скъахтой. Ӕртӕйӕ дӕр цы ныхӕстӕ загътой, уыдон «диссаджы» ныхӕстӕ уыдысты, фӕлӕ раст нӕ уыдысты (Иов 13:12). Вилдад Иовӕн дыууӕ хатты загъта, ӕгӕр бирӕ кӕй дзуры (Иов 8:2; 18:2). Софары ныхӕстӕй та бӕрӕг уыд, Иовы «ӕнӕзонд адӕймагыл» кӕй нымадта (Иов 11:12). Ӕртыккаг: кӕд Иовыл хъӕр нӕ кодтой, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, цы дзырдтой ӕмӕ куыд дзырдтой, уымӕ гӕсгӕ йӕхи аххосджыныл нымадта ӕмӕ йӕм афтӕ каст, ӕмӕ йӕ нӕ уарзынц (Иов 15:7–11). Уыцы нӕлгоймӕгты тынгдӕр фӕндыд, Иов кӕй рӕдыд, уый сбӕлвырд кӕнын, ныфс дзы бауадзын ӕмӕ йӕ бафидар кӕнын нӕ, фӕлӕ.

Иовы ӕмбӕлттӕй иу йемӕ карз ныхас кӕны, иннӕ дыууӕ ӕмбалы та сӕм кӕсынц. Йе ’мбал ын цы уынаффӕ радта, уымӕй йын йӕ зӕрдӕ скъахта. Иовӕн йӕ буар хъӕдгӕмттӕй нал зыны, афтӕмӕй зӕххыл бады.

Адӕймагӕн дӕ баххуыс кӕнын куы фӕнда, уӕд-иу йемӕ афтӕ ма ныхас кӕн, цӕмӕй йӕм афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ дӕхи уымӕй хуыздӕрыл нымайыс (кӕс 4 абзац)


5. Иовӕн йе ’ртӕ ӕмбалы цы уынаффӕ радтой, уый цӕмӕ ’ркодта?

5 Диссаг нӕу, Иовӕн йе ’мбӕлттӕ цы уынаффӕ радтой, уый хорзӕй кӕй ницӕмӕ ’ркодта. Сӕ ныхӕстӕй Иовӕн йӕ зӕрдӕ скъахтой (Иов 19:2). Цас фылдӕр ӕй аххосджын кодтой, уыйас ӕй тынгдӕр фӕндыд равдисын, ӕнаххос кӕй у, уый. Зын бамбарӕн нӕу, Иовӕн, раст кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнын ӕгӕр ахсджиаг цӕмӕн сси, стӕй «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» арӕх цӕмӕн кодта, уый (Иов 6:3, 26). Иовы ӕмбӕлттӕ куыд хъуыды кодтой, Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта. Стӕй ма Иовӕн ӕппындӕр нӕ тӕригъӕд кодтой. Хӕйрӕг уыдоны уылты архайдта, цӕмӕй Иовӕн йӕ ныфс бынтондӕр асастаид (Иов 2:4, 6). Ацы хабар израилӕгтӕн цы пайда ӕрхастаид ӕмӕ абон махӕн цы пайда у?

6. Иовы ӕртӕ ӕмбалы ӕвзӕр цӕвиттон Израилы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зондзонӕн куыд уыдаид?

6 Иовы хабар израилӕгтӕн цы пайда ’рхастаид? Йегъовӕ израилӕгтӕн йӕ закъӕттӕ куы радта, уӕд равзӕрста хистӕр нӕлгоймӕгты, цӕмӕй йӕ адӕмӕн тӕрхон кодтаиккой ӕмӕ сын йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнынӕн ӕххуыс кодтаиккой (Дык. з. 1:15–18; 27:1). Цалынмӕ-иу искӕмӕн уынаффӕ нӕ радтой кӕнӕ-иу ын тӕрхон нӕ рахастой, уӕдмӕ уал-иу ӕм хъуамӕ лӕмбынӕг байхъуыстаиккой (2 Аз. 19:6). Стӕй ма сӕм хъуамӕ фарстатӕ лӕвӕрдтаиккой ӕмӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кодтаиккой, ӕмӕ ӕппӕт хабӕрттӕ дӕр зонынц (Дык. з. 19:18). Се ’ххуыс-иу кӕй хъуыд, уыдонимӕ-иу хъуамӕ карз ныхас ма кодтаиккой. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ мӕстыгӕр куы уыдаиккой, уӕд сын-иу израилӕгтӕ не ’ргом кодтаиккой, сӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый (Рац. 22:22–24). Иовы хабарӕй Израилы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ уыд сӕхицӕн зондӕн райсын.

7. Израилӕгтӕн Иовы хабарӕй сӕ бон цы уыд сӕхицӕн зондӕн райсын? (Ӕмбисӕндтӕ 27:9).

7 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Израилы ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕн нӕ уыд сӕ бон уынаффӕтӕ дӕттын. Алы израилагӕн дӕр йӕ бон уыд йе ’мбалӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кодтаид ӕмӕ йӕ исты сраст кӕнын куы хъуыд, уӕд ын уый фӕдыл йӕ бон уыд уынаффӕ раттын (Пс. 141:5). Ӕцӕг ӕмбӕлтты фӕфӕнды уыцы хъуыддаджы кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:9.) Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софар Иовимӕ куыд ныхас кодтой, ууыл-иу израилӕгтӕ куы ахъуыды кодтаиккой, уӕд-иу бамбӕрстаиккой, уынаффӕ дӕтгӕйӕ цы нӕ хъӕуы дзурын ӕмӕ цы нӕ хъӕуы аразын.

8. Искӕмӕн уынаффӕ дӕтгӕйӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

8 Иовы хабар нын абон цы пайда хӕссы? Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу сын баххуыс кӕнӕм. Фӕлӕ мах дӕр, Иовы ӕртӕ ӕмбалы куыд кодтой, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд сӕ нӕ бафидар кӕндзыстӕм. Фыццаджыдӕр-иу хъуамӕ уайтагъд хатдзӕгтӕ кӕнынмӕ ма фӕуӕм ӕмӕ-иу алцыдӕр лӕмбынӕг раиртасӕм. Дыккаг та уый, ӕмӕ-иу Елифазау нӕхи хъуыдытӕ хъуамӕ ма дзурӕм. Нӕ уынаффӕтӕн сӕ бындур хъуамӕ уа, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый (Иов 4:8; 5:3, 27). Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ-иу хъуамӕ иннӕтимӕ карз ныхас ма кӕнӕм ӕмӕ-иу сын уайдзӕфтӕ ма кӕнӕм. Рох дӕ ма уӕд, Елифаз ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ цы дзырдтой, уыдӕттӕй цыдӕртӕ раст кӕй уыдысты. Фӕстӕдӕр ма суанг апостол Павел дӕр Елифазы ныхӕстӕй цалдӕр ӕрхаста. (Абар Иовы 5:13 ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 3:19.) Фӕлӕ Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софар Хуыцауы тыххӕй кӕй загътой, уыцы ныхӕстӕн сӕ фылдӕр раст нӕ уыдысты ӕмӕ Иовы зӕрдӕ фӕриссын кодтой. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ загъта, цы дзырдтой, уый раст кӕй нӕ уыд (Иов 42:7, 8). Уынаффӕ дӕтгӕйӕ-иу нӕ ныхӕстӕй хъуамӕ афтӕ ма рауайа, ӕмӕ Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ нӕу. Стӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ ныхӕсты тыххӕй хо кӕнӕ ’фсымӕрмӕ афтӕ ма фӕкӕса, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ уарзы. Ныр та аныхас кӕнӕм, Елиуйы хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис, ууыл.

Цалдӕр нывы: ӕфсымӕр фӕлмӕнӕй уынаффӕ дӕтты, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыцы ӕфсымӕрӕн. 1. Ӕфсымӕртӕ стъолы уӕлхъус бадынц ӕмӕ адджын дон нуазынц. Ныфссаст чи у, уыцы ӕфсымӕр дзуры, цы йӕ тыхсын кӕны, уый ӕмӕ йӕм иннӕ ӕфсымӕр фӕразонӕй хъусы. 2. Чи йӕм хъусы, уыцы ӕфсымӕр Библи байгом кодта. 3. Ӕфсымӕр ын Библийӕ уынаффӕ дӕтты ӕмӕ йӕм уый лӕмбынӕг хъусы.

Искӕмӕн уынаффӕ куы дӕттай, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг хъус, цӕмӕй бамбарай, цы йӕ тыхсын кӕны, уый; Библийӕ-иу пайда кӕн; йемӕ-иу фӕлмӕнӕй ныхас кӕн (кӕс 8 абзац)


ЕЛИУЙ ИОВӔН УЫНАФФӔ КУЫД РАДТА?

9. Иовы ӕмбӕлттӕ сӕ ныхас куы фесты, уӕд ма Иовы ӕххуыс цӕмӕн хъуыд ӕмӕ йын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта? Бамбарын ӕй кӕн.

9 Иов ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы бирӕ быцӕу кодтой. Уыйбӕрц дзырдтой, ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ Библийы бацахстой 28 сӕры. Цы дзырдтой, уымӕй бӕрӕг у, тынг мӕсты кӕй уыдысты. Уӕдӕ диссаг нӕу, Иовӕн кӕй нӕ фенцондӕр. Уӕддӕр ын хъуыди йӕ ныфсыл ныфс бафтауын ӕмӕ йын хъуыди йӕ зондахаст сраст кӕнын. Йегъовӕ Иовӕн куыд баххуыс кодта? Елиуйы уылты йын уынаффӕ радта. Фӕлӕ цымӕ Елиуй уыйбӕрц рӕстӕг хъусӕй цӕмӕн лӕууыд? Уый загъта: «Ӕз ӕрыгон дӕн, сымахыл та цӕуы бирӕ азтӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй лӕууыдтӕн ӕнцад» (Иов 32:6, 7). Елиуй ӕмбӕрста, кӕстӕртимӕ абаргӕйӕ ацӕргӕтӕ арӕх зондджындӕр кӕй вӕййынц, уымӕн ӕмӕ фылдӕр фӕцардысты ӕмӕ царды фылдӕр цыдӕртӕ бавзӕрстой. Елиуй Иовмӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕм фӕразонӕй хъуыста, фӕлӕ йӕ бон нал уыд хъусӕй лӕууын. Уый загъта: «Бирӕ кӕуыл цӕуы, зондджын ӕрмӕст уыдон не сты, кӕнӕ, раст тӕрхон кӕнын куыд хъӕуы, уый ӕрмӕст зӕрӕдтӕ нӕ зонынц» (Иов 32:9). Уый фӕстӕ Елиуй цы ныхӕстӕ загъта ӕмӕ сӕ куыд загъта?

10. Уынаффӕ раттыны размӕ Елиуй цы сарӕзта? (Иов 33:6, 7).

10 Елиуй Иов ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы ныхӕсты тыххӕй смӕсты. Фӕлӕ цалынмӕ Иовӕн уынаффӕ радта, уӕдмӕ йӕхи ӕрсабыр кодта (Иов 32:2–5). Уымӕ гӕсгӕ Елиуй Иовӕн иу ахӕм ныхас дӕр нӕ загъта, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кодтаид. Уый йын ныфсфидаргӕнӕн ныхӕстӕ загъта. Зӕгъӕм, Иовӕн загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы цӕсты ды цы дӕ, ӕз дӕр йӕ цӕсты уый дӕн». (Бакӕс Иовы 33:6, 7.) Уый фӕстӕ та Иовмӕ лӕмбынӕг хъуыста. Уый бӕрӕг у, Иов цы хъуыдытӕ загъта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ногӕй кӕй загъта, уымӕй (Иов 32:11; 33:8–11). Ӕмӕ Иовӕн уынаффӕ куы лӕвӕрдта, уӕд дӕр афтӕ бакодта (Иов 34:5, 6, 9; 35:1–4).

11. Елиуй Иовӕн уынаффӕ куыд радта? (Иов 33:1).

11 Елиуй Иовӕн уынаффӕ куы лӕвӕрдта, уӕд ын ӕй афтӕ нӕ радта, цӕмӕй йӕхимӕ ӕгад ӕркастаид. Зӕгъӕм, Иовмӕ йӕ номӕй дзырдта. Йе ’ртӕ ӕмбалы та йӕм, ӕвӕццӕгӕн, йӕ номӕй нӕ дзырдтой. (Бакӕс Иовы 33:1.) Иов ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы куы быцӕу кодтой, уӕд Елиуйы дӕр тынг фӕндыд исты зӕгъын. Ӕмӕ Иовӕн уынаффӕ куы радта, уӕд ын уый фӕстӕ дзурыны фадат радта, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕхицӕй зыдта, хъусӕй лӕууын куыд зын у, уый (Иов 32:4; 33:32). Стӕй йын бамбарын кодта, йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ раст цӕуылнӕ уыдысты ӕмӕ йын Йегъовӕйы миниуджытӕм йӕ хъус ӕрдардта, зӕгъӕм, йӕ зондмӕ, йӕ тыхмӕ, рӕстӕй кӕй архайы ӕмӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уымӕ (Иов 36:18, 21–26; 37:23, 24). Елиуйы хорз уынаффӕтӕ Иовы зӕрдӕ бацӕттӕ кодтой, фӕстӕдӕр ын Йегъовӕ цы уынаффӕтӕ радта, уыдонмӕ байхъусынмӕ (Иов 38:1–3). Елиуйы цӕвиттон израилӕгтӕн цы пайда ӕрхастаид ӕмӕ абон махӕн цы пайда у?

12. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн пехуымпарты уылты куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ Елиуйы хорз цӕвиттон израилӕгтӕн цы пайда ’рхастаид?

12 Елиуйы цӕвиттон израилӕгтӕн цы пайда ’рхастаид? Йегъовӕ-иу арӕх израилӕгты ахуыр кодта ӕмӕ сын зонд амыдта йӕ пехуымпарты уылты. Зӕгъӕм, тӕрхонгӕнджыты рӕстӕг Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрдта ус-пехуымпар Деворӕйы уылты. Самуил та адӕмимӕ Йегъовӕйы номӕй дзырдта йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ (Тӕрх. 4:4–7; 5:7; 1 Сам. 3:19, 20). Паддзӕхты рӕстӕг та Йегъовӕ йӕ адӕммӕ иу пехуымары иннӕйы фӕдыл ӕрвыста, цӕмӕй сын ӕххуыс кодтаиккой, Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнынӕн. Раст динӕй-иу чи адзӕгъӕл, уыдонмӕ та-иу сӕ арвыста, цӕмӕй-иу сӕ раст зондыл сарӕзтаиккой (2 Сам. 12:1–4; Хъуыд. 3:24). Елиуйы хорз цӕвиттоны фӕрцы Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ зыдтаиккой, уынаффӕ дӕтгӕйӕ цы зӕгъой ӕмӕ йӕ куыд зӕгъой, уый.

13. Нӕ бон куыд у нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауын?

13 Елиуйы цӕвиттон нын абон цы пайда хӕссы? Елиуйы цӕвиттон ӕрмӕст рагон пехуымпартӕн нӕ уыд пайда. Абон махӕн дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы фӕндоны тыххӕй иннӕтӕн дзурӕм. Стӕй ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн дзурӕм, чи сӕ бафидар кӕндзӕн ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс чи бафтаудзӕн, ахӕм ныхӕстӕ (1 Кор. 14:3). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ та йӕ цӕвиттонӕй ахуыр кӕнынц, цӕмӕй уӕлдай лӕмбынӕг уой, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ куыд ныхас кӕнынц, уымӕ. Ныфссаст чи у кӕнӕ, «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» чи фӕкӕны, суанг-иу уыдоны дӕр хъуамӕ ныхасӕй барӕвдауой (1 Фес. 5:14; Иов 6:3).

14, 15. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Елиуйы фӕзмын?

14 Ахъуыды-ма кӕнӕм ахӕм цӕвиттоныл. Хистӕр нӕлгоймаг базыдта, ӕмбырды иу хо ныфссаст кӕй у. Ӕмӕ йӕ иннӕ ӕфсымӕримӕ бабӕрӕг кодтой, цӕмӕй йын йӕ ныфсыл ныфс бафтауой. Хо сын радзырдта, кӕд ӕмбырдтӕм цӕуы ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕны, уӕддӕр ын цард циндзинад кӕй нал хӕссы. Ӕфсымӕртӕ куыд бакӕндзысты?

15 Фыццаг уал, ӕвӕццӕгӕн, бацархайдзысты, цӕмӕй бамбарой, хойы цы тыхсын кӕны, уый. Уый тыххӕй йӕм хъӕудзӕн фарстатӕ дӕттын ӕмӕ йӕм фӕразонӕй байхъусын. Мыййаг хомӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хуыцауы уарзты аккаг нӕу? «Царды сагъӕстыл» ӕгӕр не сси? (Лук. 21:34). Стӕй фадӕттӕ агурдзысты, цӕмӕй хойӕ раппӕлой. Кӕд ныфссаст у, уӕддӕр ӕмбырдтӕм фӕцӕуы ӕмӕ фӕхъусын кӕны. Ӕфсымӕртӕ куы бамбарой, хо ныфссаст цӕмӕн у, уый, уӕд ын Библийы фӕрцы баххуыс кӕндзысты, Хуыцау ӕй кӕй уарзы, уый бамбарынӕн (Гал. 2:20).

ИОВЫ ЧИНЫГ ДЫН ДАРДДӔР ДӔР ПАЙДА ХӔССӔД

16. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын Иовы чиныг дарддӕр дӕр пайда хӕсса?

16 Иовы чиныг иртасгӕйӕ нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у нӕхицӕн зондӕн райсын. Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, Иовы чиныджы фӕрцы кӕй ис бамбарӕн, Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кӕной ӕмӕ зындзинӕдты рӕстӕг нӕ бон куыд у Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. Ацы статьяйӕ та базыдтам, Елиуйы куы фӕзмӕм, уӕд не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон кӕй уыдзӕн хорз уынаффӕтӕ дӕттын. Хорз нӕ уаид, искӕмӕн уынаффӕ раттыны размӕ куы ахъуыды кӕнис, Иовы чиныгӕй цы базыдтай, ууыл? Иовы чиныг куы кастӕ, уымӕй кӕд цасдӕр рӕстӕг рацыд, уӕддӕр дӕ разы нысан сӕвӕр, цӕмӕй ацы диссаджы чиныг ногӕй бакӕсай. Бирӕ хорз хъуыдытӕ дзы ссардзынӕ!

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Искӕмӕн уынаффӕ куы дӕттӕм, уӕд-иу нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

  • Елиуй Иовӕн уынаффӕ куыд радта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

  • Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Иовы чиныг дарддӕр дӕр пайда хӕсса?

125 ЗАРӔГ Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг у амондджын

a Куыд зыны, афтӕмӕй дӕлимон Елифазы баууӕндын кодта ахӕм хъуыдыйыл, зӕгъгӕ, Хуыцау иу адӕймаджы дӕр рӕстгӕнӕгыл нӕ нымайы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ Елифаз Иовимӕ куы ныхас кодта, уӕд-иу алы хатт дӕр уый кой скодта (Иов 4:17; 15:15, 16; 22:2).

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын