Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 декабрь 2–7 фф.
  • Иовы чиныг нын зын рӕстӕджыты баххуыс кӕндзӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Иовы чиныг нын зын рӕстӕджыты баххуыс кӕндзӕн
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕГЪОВӔ БАУАГЪТА, ЦӔМӔЙ ИОВ ФӔХЪИЗӔМАР КОДТАИД
  • ИОВЫ ХАБАР НЫН ЗЫНДЗИНӔДТӔ СФӔРАЗЫНӔН КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ?
  • ИОВЫ ЧИНЫДЖЫ ФӔРЦЫ ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔН
  • Иов Йегъовӕйы ном кадджын кодта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • «Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Иовы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • «Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 декабрь 2–7 фф.

48 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

129 ЗАРӔГ Фидар лӕудзыстӕм

Иовы чиныг нын зын рӕстӕджыты баххуыс кӕндзӕн

«Хуыцау фыдхъуыддӕгтӕ нӕ аразы» (ИОВ 34:12).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Хуыцау нын нӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы, уый тыххӕй Иовы чиныгӕй нӕ бон цы у базонын ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм.

1, 2. Иовы чиныг куы кӕсӕм, уӕд нын уый цы пайда ’рхӕсдзӕн?

МЫЙЙАГ, ӕрӕджы Иовы чиныг кастӕ? Ацы чиныг фыст ӕрцыд 3 500 азы размӕ. Фӕлӕ йӕ бирӕтӕ ныр дӕр нымайынц, рагзамантӕй нырмӕ цы чингуытӕ ӕрцыд фыст, уыдонӕй ӕппӕты хуыздӕртӕй сӕ иуыл. Бирӕтӕ зӕгъынц, ацы чиныг чи ныффыста, уый Библийы иннӕ фысджытӕй тынг кӕй хицӕн кӕны, уымӕн ӕмӕ тынг хуымӕтӕг ӕвзагӕй фыст у, стӕй сӕ зӕрдӕмӕ уый тыххӕй кӕй цӕуы, ӕмӕ йӕ чиныджы рӕсугъд ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй спайда кодта. Кӕд ӕй Моисей ныффыста, уӕддӕр йӕ автор у Йегъовӕ (2 Тим. 3:16).

2 Иовы чиныджы цы фыст ис, уый тынг ахсджиаг у. Цӕмӕн? Зӕгъӕм, уый фӕрцы зонӕм, адӕм дӕр ӕмӕ зӕдтӕ дӕр кӕй хъуамӕ равзарой, Йегъовӕйӕн, кӕй йӕ уарзынц, уый тыххӕй лӕггад кӕндзысты ӕмӕ йын йӕ ном рухс кӕндзысты ӕви нӕ. Стӕй нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хуыздӕр бамбарӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы ӕмӕ стыр зонд ӕмӕ тыхы хицау кӕй у. Зӕгъӕм, Иовы чиныджы Хуыцауы тыххӕй 31 хатты ис фыст, «Ӕппӕтхъомысджын» кӕй у. Уымӕй уӕлдай ма Иовы чиныджы ис, бирӕты чи тыхсын кӕны, уыцы фарстатӕн дзуапп, зӕгъӕм, Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы.

3. Иовы чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

3 Адӕймаг хохы цъупмӕ куы схизы, уӕд, йӕ алыварс цытӕ ис, уый хуыздӕр фӕуыны. Раст афтӕ, Иовы чиныг куы кӕсӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн фенын, Йегъовӕ нын нӕ хъизӕмӕрттӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы. Мах базондзыстӕм, израилӕгтӕн Иовы хабар цы пайда ’рхастаид ӕмӕ абон махӕн дӕр цы пайда хӕссы. Стӕй ма базондзыстӕм, нӕ бон куыд у Иовы чиныджы фӕрцы иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын.

ЙЕГЪОВӔ БАУАГЪТА, ЦӔМӔЙ ИОВ ФӔХЪИЗӔМАР КОДТАИД

4. Египеты чи цард, уыцы израилӕгтӕй Иов цӕмӕй хицӕн кодта?

4 Израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уыцы рӕстӕг Иов цард, Уц чи хуынди, уыцы зӕххыл. Уцы зӕхх, ӕвӕццӕгӕн, уыд Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй скӕсӕнырдӕм, Аравийы цӕгаты ’рдыгӕй. Египеты чи цард, уыцы израилӕгтӕй иуӕй-иутӕ мӕнгхуыцӕуттӕн куывтой, фӕлӕ Иов уыдонӕй уӕлдай Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта (Йес. Н. 24:14; Йез. 20:8). Йегъовӕ Иовы тыххӕй загъта: «Зӕххыл уый хуызӕн адӕймаг нӕй» (Иов 1:8)a. Иов уыд тынг хъӕздыг ӕмӕ ӕгас Скӕсӕны уымӕй кадджындӕр адӕймаг нӕ уыд (Иов 1:3). Ахъуыды-ма кӕн, Хӕйрӕг куыд тынг мӕсты кодтаид, ахӕм номдзыд ӕмӕ кадджын адӕймаг Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыди, уый тыххӕй!

5. Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй Иов фӕхъизӕмар кодтаид? (Иов 1:20–22; 2:9, 10).

5 Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ, Иов зындзинӕдтыл куы сӕмбӕла, уӕд Хуыцауӕн нал лӕггад кӕндзӕн (Иов 1:7–11; 2:2–5). Йегъовӕ Иовы тынг уарзта, фӕлӕ Хӕйрӕгӕн бар радта, цӕмӕй йӕ бафӕлвӕрдтаид (Иов 1:12–19; 2:6–8). Хӕйрӕг Иовӕн йӕ фос иууылдӕр байста, йӕ дӕс сывӕллоны йын амардта, йӕхиуыл та йын удхайраг низ бафтыдта. Фӕлӕ уӕддӕр Хӕйрӕгӕн йӕ нысан йӕ къухы нӕ бафтыд – Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта. (Бакӕс Иов 1:20–22; 2:9, 10.) Фӕстӕдӕр Йегъовӕ Иовӕн раарфӕ кодта. Сдзӕбӕх ӕй кодта ӕмӕ йӕм уымӕй размӕ цы хъӕздыгдзинӕдтӕ уыд, уымӕй йын бирӕ фылдӕр радта. Стӕй ма йын райгуырд дӕс сывӕллоны ӕмӕ та йын адӕм кад кӕнын райдыдтой. Уымӕй уӕлдай ма Иов фӕцард 140 азы ӕмӕ федта йӕ фыртты ӕмӕ йӕ фыртты фыртты суанг цыппӕрӕм фӕлтӕры онг (Иов 42:10–13, 16). Ацы хабар Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджытӕн цы пайда ’рхастаид ӕмӕ абон махӕн цы пайда у?

6. Иовы хабар израилӕгтӕн цы пайда ’рхастаид? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

6 Иовы хабар израилӕгтӕн цы пайда ’рхастаид? Израилӕгтӕн Египеты сӕ цард ӕнцон нӕ уыд. Зӕгъӕм, Йесо Навин ӕмӕ Халев се ’рыгон бонты цагъартӕ уыдысты. Уый фӕстӕ сӕ бахъуыд 40 азы ӕдзӕрӕг быдыры рацу-бацу кӕнын – уымӕй дӕр сӕхи аххосӕй нӕ, фӕлӕ иннӕты ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй. Кӕд, Египетӕй чи рацыд, уыцы израилӕгтӕ Иовы хабар зыдтой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрстой, адӕмы хъизӕмӕртты Хуыцау кӕй нӕу аххосджын, фӕлӕ Хӕйрӕг. Стӕй ма Иовы хабары фӕрцы сӕ бон уыд хуыздӕр бамбарын, Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кӕной ӕмӕ йыл ӕнувыд чи у, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны.

Израилаг нӕлгоймаг хъуыдытӕ кӕны ӕмӕ агуыридуртӕ кӕрӕдзийыл ӕвӕры. Йӕ фарсмӕ египетӕгтӕ иннӕ израилӕгты лӕдзджытӕй нӕмынц.

Бирӕ азты дӕргъы израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ уыдысты. Фӕстӕдӕр сын Иовы хабар ныфсы хос куыннӕ уыдаид! (кӕс 6 абзац)


7, 8. Зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы, уыдонӕн Иовы чиныг куыд ӕххуыс кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

7 Иовы хабар нын абон цы пайда хӕссы? Хъыгагӕн, абон бирӕтӕ Хуыцауыл нал ӕууӕндынц, уымӕн ӕмӕ не ’мбарынц, хорз адӕмыл ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн ӕрцӕуы, уый. Ӕркӕсӕм Руандӕйӕ иу хойы, Хе́йзелыb, хабармӕ. Гыццыл куы уыд, уӕд Хуыцауыл ӕууӕндыд. Фӕлӕ йыл фӕстӕдӕр бирӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ ’рцыд. Йӕ ныййарджытӕ куы ахицӕн сты, уӕд йӕ мад ногӕй смой кодта ӕмӕ йӕ йӕ мады лӕг тынг ӕфхӕрдта. Рӕзгӕ кары куы уыд, уӕд та йын тыхми бакодтой. Хейзелы фӕндыд удӕнцой ссарын, ӕмӕ аргъуанмӕ цыд. Фӕлӕ йын уӕддӕр нӕ фенцондӕр. Фӕстӕдӕр Хейзел Хуыцаумӕ писмо ныффыста: «Ӕз дӕм куывтон, архайдтон хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл, фӕлӕ мын ды мӕ хорздзинӕдтӕ ӕвзӕрдзинадӕй бафыстай. Нал дӕм кувдзынӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ цӕрдзынӕн, мӕхи куыд фӕнды, афтӕ». Куыд зын нын у, абон бирӕтӕ рӕстдзинад кӕй нӕ зонынц, уый тыххӕй афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ зындзинӕдты Хуыцау у аххосджын!

8 Иовы чиныджы фӕрцы зонӕм, адӕмы хъизӕмӕртты Хуыцау кӕй нӕу аххосджын, фӕлӕ Хӕйрӕг. Стӕй ма зонӕм, афтӕ кӕй хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ кӕд адӕймаг зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, уӕд цыдӕр раст нӕ сарӕзта. Библийӕ зонӕм, ӕвзӕр хабар, гӕнӕн ис, кӕуылфӕнды дӕр ӕмӕ кӕдфӕнды дӕр ӕрцӕуа (Иов 4:1, 8; Еккл. 9:11). Ноджыдӕр ма зонӕм, зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд ын фадат кӕй раттӕм, цӕмӕй равдиса, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны (Иов 2:3; Ӕмб. 27:11). Мах Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, хорз адӕмыл ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн ӕрцӕуы, уый нын кӕй раргом кодта, уый тыххӕй. Фӕстӕдӕр Хейзел Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ бамбӕрста, йӕ зындзинӕдты Хуыцау кӕй нӕу аххосджын. Уый загъта: «Хуыцаумӕ та зӕрдӕбынӕй скуывтон ӕмӕ йын загътон: „Куы ныффыстон, Хуыцау, нал дӕм кувдзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд дӕ нӕ зыдтон, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныффыстон афтӕ“. Ныр ӕй зонын, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы, ӕмӕ амондджын дӕн». Ӕркӕсӕм-ма, Иовы хабар нӕ алкӕмӕн дӕр фӕлварӕнты рӕстӕг куыд баххуыс кӕндзӕн, уымӕ.

ИОВЫ ХАБАР НЫН ЗЫНДЗИНӔДТӔ СФӔРАЗЫНӔН КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ?

9. Иов фӕнычы куы бадт, уӕд цы уавӕры уыд? (Иаковы 5:11).

9 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Иовӕн куыд зын уыдаид, уый. Царм ӕмӕ ма дзы стджытӕ баззад, йӕ буар йӕ низӕй ныссау, схӕлмӕгтӕ йын ис. Иовмӕ тыхы мур нал уыд. Фӕнычы сбадт, ӕлыг мигӕнӕны саст райста ӕмӕ дзы йӕ буар хафта. Йӕ буары ӕмӕ йӕ уды рыстӕн нал фӕрӕзта. Кӕд Иовӕн йӕ бон бирӕ нӕ уыд, уӕддӕр арӕзта, ӕппӕты ахсджиагдӕр цы уыд, уый – йӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдыста, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй у. (Бакӕс Иаковы 5:11.) Иовӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззадаид?

10. Иов Йегъовӕимӕ уӕндонӕй кӕй дзырдта, уый цӕмӕй у бӕрӕг? Бамбарын ӕй кӕн.

10 Иов йе ’нкъарӕнты тыххӕй Йегъовӕйӕн ӕргом дзырдта (Иов 10:1, 2; 16:20). Зӕгъӕм, 3-аг сӕры фыст ис, Иовмӕ афтӕ кӕй каст, ӕмӕ ’фхӕрд Йегъовӕйы къухӕй ӕййафы, ӕмӕ уый тыххӕй кӕй хъаст кодта. Стӕй ма йын йе ’ртӕ ӕмбалы ногӕй ӕмӕ ногӕй дзырдтой, Хуыцау ӕй йӕ тӕригъӕдты тыххӕй кӕй ӕфхӕры. Фӕлӕ-иу сын Иов загъта, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй у. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, иуӕй-иу хатт-иу йӕхимӕ Хуыцауӕй растдӕр кӕй каст (Иов 10:1–3; 32:1, 2; 35:1, 2). Фӕлӕ ма Иов басаст, хатт-иу «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» кӕй кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй у, уый равдисын (Иов 6:3, 26). 31-ӕм сӕрӕй базонӕн ис, Иовы кӕй фӕндыд, цӕмӕй йын Йегъовӕ дзуапп радтаид ӕмӕ йын загътаид, аххосджыныл ӕй кӕй нӕ нымайы (Иов 31:35). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иов Йегъовӕйӕ дзуапп кӕй домдта, уымӕй раст нӕ уыд. Иов Йегъовӕимӕ афтӕ уӕндонӕй кӕй ныхас кодта, уымӕй бӕрӕг у, йе ’ввахс Хӕлар кӕй уыд.

11. Иов йӕхимӕ ӕгӕр раст кӕй каст, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракаст?

11 Иов нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын рӕстӕй кӕй стӕрхон кӕндзӕн, ууыл. Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ Иовмӕ тыхдымгӕйы астӕуӕй дзурын райдыдта. Фӕлӕ йын лыстӕг хабӕртты онг нӕ бамбарын кодта, уыцы бӕллӕхтӕ йыл цӕмӕн ӕрцыдысты, уый. Стӕй Иовӕн йӕ цӕстмӕ нӕ бадардта, йӕхимӕ ӕгӕр раст кӕй каст, уый. Фӕлӕ йын зонд бацамыдта, хорз фыд йӕ фыртӕн зонд куыд амона, афтӕ. Уый фӕрцы Иов сӕрныллӕгӕй басаст, бирӕ цыдӕртӕ кӕй нӕ зоны, ууыл ӕмӕ йӕ ныхӕстыл ӕрфӕсмон кодта (Иов 31:6; 40:4, 5; 42:1–6). Ацы хабар, рагзаманты чи цард, уыдонӕн цы пайда ’рхастаид ӕмӕ махӕн абон цы пайда хӕссы?

12. Израилӕгтӕн Иовы хабар цы пайда ’рхастаид?

12 Иовы хабар израилӕгтӕн цы пайда ’рхастаид? Израилӕгтӕн Иовы хабар стыр ӕххуыс фӕуыдаид. Ӕркӕсӕм Моисейы цӕвиттонмӕ. Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд Моисей уыд сӕ разамонӕг. Ӕнцон ын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы коммӕ нӕ кастысты, стӕй йын йӕхи дӕр мӕсты кодтой. Зын-иу сын куы уыд ӕмӕ-иу сӕ зӕрдӕмӕ цыдӕр куы нӕ фӕцыд, уӕд-иу арӕх Йегъовӕйӕ хъаст кӕнын райдыдтой. Моисей та уыдонӕй уӕлдай зын рӕстӕджыты Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид (Рац. 16:6–8; Ным. 11:10–14; 14:1–4, 11; 16:41, 49; 17:5). Моисейӕн Иовы хабар стыр ӕххуыс фӕуыдаид, Йегъовӕ йын зонд куы бацамыдта, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы уыдысты, уӕд сӕм Моисей тынг смӕсты ӕмӕ «йӕ дзыхӕй ссыд ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ» ӕмӕ Йегъовӕйы ном не срухс кодта (Пс. 106:32, 33). Уый тыххӕй йын Йегъовӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны бар нал радта (Дык. з. 32:50–52). Уый Моисейӕн тынг хъыг уыд. Фӕлӕ сӕрныллӕгдзинад равдыста, ӕмӕ Йегъовӕйы ныхасыл дыууӕ нал загъта. Израилӕгтӕй Моисейы фӕстӕ чи цард, уыцы фӕлтӕртӕ Иовы хабарыл куы хъуыды кодтаиккой, уӕд сын уый баххуыс кодтаид сӕ хъуыдытӕ Йегъовӕйӕн ӕргом дзурын ӕмӕ уый фӕрцы сӕ зӕрдыл дардтаиккой, адӕймаг Йегъовӕйӕ растдӕр кӕй никуы вӕййы. Стӕй ма сахуыр уыдаиккой Йегъовӕйы зондамындмӕ сӕрныллӕгӕй хъусын.

13. Иовы хабар нын фидар фӕлӕууынӕн куыд ӕххуыс кӕны? (Дзуттӕгтӕм 10:36).

13 Иовы хабар нын абон цы пайда хӕссы? Абон зын рӕстӕджыты цӕрӕм. Ӕмӕ цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы фидардзинад. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:36.) Зӕгъӕм, чидӕр уӕззау низӕй рынчын у, кӕмӕндӕр депресси ис кӕнӕ цӕуылдӕр тынг мӕт кӕны, кӕмӕндӕр йӕ бинонтӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, кӕмӕндӕр та йӕ бинонтӕй кӕнӕ йе ’мбӕлттӕй чидӕр амард. Ӕмӕ хатт ахӕм зын рӕстӕджыты кӕйдӕр ныхӕсты ӕмӕ хъуыддӕгты тыххӕй адӕймагӕн йӕ уавӕр фӕфыддӕр вӕййы (Ӕмб. 12:18). Фӕлӕ Иовы чиныджы фӕрцы зонӕм, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый Йегъовӕйӕн куы дзурӕм, уӕд нӕ кӕй хъусдзӕн (1 Иоан. 5:14). Ӕмӕ-иу кӕд Иовау «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» дӕр кӕнӕм, уӕддӕр нӕм не смӕсты уыдзӕн. Фӕлӕ нын ратдзӕн зонд ӕмӕ тыхтӕ, цӕмӕй нӕ бон уа фидар фӕлӕууын (2 Аз. 16:9; Иак. 1:5). Ӕмӕ куы хъӕуа, уӕд нын зонд дӕр бацамондзӕн, Иовӕн куыд бацамыдта зонд, афтӕ. Йегъовӕ нын уынаффӕ ратты ӕмӕ нын зонд бацамоны йӕ Ныхасы, организацийы ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕтты уылты. Ӕмӕ Иовы чиныджы фӕрцы нӕ бон у базонын, йӕ зондамындмӕ-иу ын цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсӕм (Дзут. 12:5–7). Иов йӕ рӕдыдыл сӕрныллӕгӕй кӕй басаст, уый йын стыр пайда ’рхаста. Ӕмӕ мах дӕр афтӕ куы кӕнӕм, уӕд уый махӕн дӕр стыр пайда ’рхӕсдзӕн (2 Кор. 13:11). Иовы чиныгӕй нӕ бон цас цыдӕртӕ у базонын! Ныр та ӕркӕсӕм, Иовы чиныджы фӕрцы нӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, уымӕ.

ИОВЫ ЧИНЫДЖЫ ФӔРЦЫ ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔН

14. Дунейы уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, уый адӕймагӕн дӕ бон куыд у бамбарын кӕнын?

14 Уацамынды дӕ никуы ничи бафарста, дунейы уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, зӕгъгӕ? Чи зоны йын радзырдтай, Едемы цӕхӕрадоны цы ’рцыд, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис. Ӕвӕццӕгӕн ын радзырдтай, ӕвзӕр зӕд, Хӕйрӕг, фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы кӕй асайдта, ӕмӕ сӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй скодта (Райд. 3:1–6). Уый фӕстӕ та йын загътай, уый аххосӕй адӕм зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлынц ӕмӕ кӕй мӕлынц (Ром. 5:12). Стӕй йын загътай, Хуыцау фаг рӕстӕг кӕй дӕтты, цӕмӕй алчидӕр фена, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны. Бамбарын ын кодтай, Хуыцау уыцы рӕстӕгӕй кӕй пайда кӕны, цӕмӕй адӕм базоной, ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ ӕнустӕм амондджын кӕй уыдзысты (Рарг. 21:3, 4). Адӕймагӕн ацы фарста афтӕ куы ’мбарын кӕнӕм, уӕд хорз уыдзӕн. Афтӕмӕй бамбардзысты, хорз адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, уый.

15. Хорз адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, уый бамбарын кӕнынӕн нын Иовы чиныг куыд баххуыс кӕндзӕн? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

15 Уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, уый бамбарын кӕныны тыххӕй ма дӕ бон у Иовы тыххӕй радзурын. Фыццаг уал дӕ бон у адӕймагӕй раппӕлын, ахӕм ахсджиаг фарста дӕм кӕй радта, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ-иу зӕгъ, Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг, Иов, бирӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста, ӕмӕ уый дӕр уыцы фарста кӕй тыхсын кодта. Суанг ма афтӕ дӕр хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ хъизӕмӕртты Хуыцау у аххосджын (Иов 7:17–21). Адӕймагмӕ, чи зоны, диссаг фӕкӕса, ацы фарстайӕн адӕмы рагӕй фӕстӕмӕ кӕй фӕнды дзуапп базонын. Уый фӕстӕ йын дӕ бон у бамбарын кӕнын, Иовӕн хъизӕмӕрттӕ Хӕйрӕг кӕй ӕвзарын кодта, Хуыцау нӕ, фӕлӕ. Хӕйрӕг загъта, адӕм Хуыцауӕн ӕрмӕстдӕр сӕхи пайдайӕн кӕй лӕггад кӕнынц. Дӕ бон ма у дӕ ныхӕстӕм бафтауын, зӕгъгӕ, кӕд Иовӕн хъизӕмӕрттӕ Хуыцау не ’взарын кодта, уӕддӕр кӕй бауагъта, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид. Ӕрмӕстдӕр уӕд рабӕрӕг уыдаид, Хуыцау кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ йын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц. Стӕй йын дӕ бон у зӕгъын, рӕстӕг куы рацыд, уӕд Хуыцау Иовӕн кӕй раарфӕ кодта, иузӕрдионӕй йыл кӕй баззад, уый тыххӕй. Афтӕмӕй йын дӕ бон у бамбарын кӕнын, йӕ хъизӕмӕртты Йегъовӕ кӕй нӕу аххосджын. Ӕмӕ йын уый, чи зоны, удӕнцой ӕрхӕсса.

Цалдӕр нывы: 1. Зӕрдӕсаст сылгоймагӕн йӕ къухы ис, чи басыгъд, уыцы хӕдзары цы къам ссардта, уый. 2. Фӕстӕдӕр бацыд, ӕххуысгӕнджытӕ кӕм ис, уырдӕм хӕстӕг стендимӕ чи хъусын кӕны, уыцы хо ӕмӕ ’фсымӕрмӕ. Хо йын Библийӕ стих кӕсы.

Иовы чиныджы фӕрцы нӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕмбарын кӕнын, «Хуыцау фыдхъуыддӕгтӕ [кӕй] нӕ аразы»? (кӕс 15 абзац)


16. Зындзинӕдтыл чи сӕмбӕлд, ахӕм адӕймагӕн нӕ бон Иовы чиныджы фӕрцы куыд у баххуыс кӕнын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

16 Ӕркӕсӕм, Иовы чиныг Ма́риойӕн куыд баххуыс кодта, уымӕ. Иу бон 2021 азы иу хо телефонӕй хъусын кодта. Фыццаг кӕимӕ ныхас кодта, уый уыд Марио. Библийӕ йын иу стих бакаст ӕмӕ йын бамбарын кодта, Хуыцау нын ӕрмӕст нӕ куывдтытӕ кӕй нӕ хъусы, фӕлӕ ма нын диссаджы фидӕнӕй дӕр ныфс кӕй ӕвӕры. Куы йӕ бафарста, уый фӕдыл цы хъуыды кӕны, уӕд ын Марио загъта, зӕгъгӕ мӕм куы ӕрбадзырдтай, уӕд мӕхи амарынмӕ хъавыдтӕн ӕмӕ мӕ бинонтӕм писмо фыстон. Уый загъта: «Ӕз Хуыцауыл ӕууӕндын, фӕлӕ абон райсомӕй хъуыды кодтон, ӕппындӕр ӕй кӕй нӕ хъӕуын». Хо дыккаг хатт йемӕ телефонӕй куы ныхас кодта, уӕд ын Иовы тыххӕй ӕмӕ, цы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, уый тыххӕй радзырдта. Марио сфӕнд кодта Иовы чиныг ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ хо арвыста ссылкӕ «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-мӕ. Марио Библи ахуыр кӕныныл сразы ӕмӕ йын тынг ӕхсызгон уыд, нӕ уарзӕгой Хуыцауы тыххӕй фылдӕр кӕй базыдта.

17. Йегъовӕ Иовы хабар Библийы кӕй ныффыссын кодта, уый тыххӕй дзы бузныг цӕмӕн дӕ? (Иов 34:12).

17 Хуыцауы Ныхасӕн ис стыр тых – йӕ бон у адӕймагӕн йӕ цард фӕивын ӕмӕ, зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдонӕн удӕнцой раттын (Дзут. 4:12). Мах тынг бузныг стӕм, Йегъовӕ Иовы хабар Библийы кӕй ныффыссын кодта, уый тыххӕй! (Иов 19:23, 24). Иовы чиныгӕй нӕ бон у базонын, «Хуыцау фыдхъуыддӕгтӕ [кӕй] нӕ аразы». (Бакӕс Иов 34:12.) Уымӕй уӕлдай ма дзы базонӕн ис, Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй адӕм хъизӕмӕрттӕ ’взарой ӕмӕ сӕ нӕ бон куыд у сфӕразын. Иовы чиныг нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдоны ныфс уадзӕм. Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, Иовы чиныг нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕн хорз уынаффӕтӕ дӕттӕм.

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Йегъовӕ Иовы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн каст, уый ӕмбарын ахсджиаг цӕмӕн у?

  • Иовы хабар нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууӕм?

  • Иовы чиныджы фӕрцы нӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын?

156 ЗАРӔГ Уырнындзинад мын дӕтты цӕстырухс

a Йегъовӕ Хӕйрӕгимӕ куы ныхас кодта ӕмӕ Иов зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлд, уыцы хабӕрттӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕрцыдысты Иосифы мӕлӕты фӕстӕ (н. э. размӕ 1657 азы) ӕмӕ, Моисей Израилы сӕргълӕууӕг куы сси, уый размӕ (н. э. размӕ 1514 азмӕ ӕввахс).

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын