46 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
17 ЗАРӔГ «Фӕнды мӕ»
Йесо у, чи нӕ ’мбары, ахӕм Хистӕр сауджын
«Нӕ хистӕр сауджын, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын чи нӕ бамбара, ахӕм нӕу» (ДЗУТ. 4:15).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Йесо у ӕппӕты хуыздӕр Хистӕр сауджын, уымӕн ӕмӕ нӕ хорз ӕмбары ӕмӕ нын алы уавӕры дӕр баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййы.
1, 2. а) Йегъовӕ йӕ Фырты зӕхмӕ цӕмӕн рарвыста? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм? (Дзуттӕгтӕм 5:7–9).
ИУ-2 000 азы размӕ Йегъовӕ Хуыцау йӕ зынаргъ Фырты зӕхмӕ рарвыста. Цӕмӕн? Цӕмӕй адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид ӕмӕ афтӕ бакодтаид, цӕмӕй, Хӕйрӕг адӕмӕн цы зиан ӕрхаста, уымӕй фӕд дӕр мауал баззадаид (Иоан. 3:16; 1 Иоан. 3:8). Стӕй, зӕххыл кӕй цард, уый йын баххуыс кодта, цӕмӕй суыдаид тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ, адӕмы хорз чи ӕмбӕрстаид, ахӕм Хистӕр сауджын. Йесо Хистӕр сауджын сси н. э. 29 азыa, донаргъуыд куы райста, уӕд.
2 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йесойӕн йӕ зӕххон цард куыд баххуыс кодта, цӕмӕй тӕригъӕдгӕнаг Хистӕр сауджын суыдаид. Йесо «алцӕмӕй ӕххӕст» Хистӕр сауджын цӕй фӕрцы сси, уый куы ’мбарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнын, нӕ рӕдыдтыты тыххӕй кӕнӕ-иу нӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕр. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 5:7–9.)
ХУЫЦАУЫ ЗЫНАРГЪ ФЫРТ ЗӔХМӔ ӔРЦЫД
3, 4. Йесойы цард куыд аивта, зӕхмӕ куы ’рцыди, уӕд?
3 Бирӕтӕн сӕ уавӕртӕ фӕивынц. Зӕгъӕм, бахъӕуы сӕ, бирӕ кӕй уарзтой, уыцы ранӕй ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ ацӕуын ӕмӕ сӕ бинонты ӕмӕ се ’мбӕлтты ныууадзын. Уый ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ, Йесойы цард куыд аивта, афтӕ никӕй цард аивта. Уӕлӕрвты зӕдты ’хсӕн уымӕй кадджындӕр ничи уыд. Йесо рӕвдыд уыд йӕ Фыд Йегъовӕйы уарзтӕй ӕмӕ йын стыр циндзинад хаста, алы хъуыддаджы дӕр йӕ «рахиз фарс» кӕй лӕууыд, уый (Пс. 16:11; Ӕмб. 8:30). Фӕлӕ, Филиппӕгтӕм 2:7 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй «йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта». Уӕлӕрвты йын цы уыд, уыдӕттӕ иууылдӕр ныууагъта, цӕмӕй зӕххыл ӕнӕххӕст адӕмы ’хсӕн цардаид.
4 Ахъуыды-ма кӕнӕм Йесойы зӕххон царды фыццаг азтыл дӕр. Йӕ ныййарджытӕ мӕгуыр цардысты. Уый бӕрӕг у, Йесо куы райгуырд, уӕд цы хуымӕтӕг нывонд ӕрхастой, уымӕй (Лев. 12:8; Лук. 2:24). Фыдзӕрдӕ паддзах Ирод Йесойы райгуырды тыххӕй куы базыдта, уӕд ӕй амарынмӕ хъавыд. Цӕмӕй Йесойы цард бахъахъхъӕдтаиккой, уый тыххӕй йӕ ныййарджытӕ Египетмӕ алыгъдысты, ӕмӕ иуцасдӕр уым фесты (Матф. 2:13, 15). Куыд тынг аивта Йесойы цард, уӕлӕрвты куыд цард, уыимӕ абаргӕйӕ!
5. Йесо адӕмы ’хсӕн кӕй цард, уый йын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй тӕригъӕдгӕнаг Хистӕр сауджын суыдаид? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
5 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд уыдта, адӕм цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уый. Хионы мӕлӕт цы у, уый дӕр куыннӕ базыдта! Куыд зонӕм, афтӕмӕй йын чи амард, уыдонӕй иу уыди йӕ зӕххон фыд Иосиф. Зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд-иу сӕмбӕлд хъотырджынтыл, куырмытыл, паралич кӕй ныццавта кӕнӕ, йӕ сывӕллон кӕмӕн амард, ахӕм адӕмыл (Матф. 9:2, 6; 15:30; 20:34; Мар. 1:40, 41; Лук. 7:13). Адӕм куыд хъизӕмар кӕнынц, уый Йесо уӕлӕрвтӕй дӕр уыдта. Фӕлӕ зӕххыл цӕргӕйӕ адӕмы рыст йӕ бон хуыздӕр уыд бамбарын (Ис. 53:4). Хуыздӕр бамбӕрста, цы фенкъарынц, куыд фӕмӕт кӕнынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕ цӕуылдӕрты кӕй фӕриссы, уый. Ӕмӕ-иу йӕхӕдӕг дӕр иннӕтау бафӕллад ӕмӕ-иу маст дӕр кодта.
Йесомӕ иннӕты рыст хъардта (кӕс 5 абзац)
ЙЕСО АДӔМӔН ТӔРИГЪӔД КОДТА
6. Исайы 42:3 стихӕй Йесойы тыххӕй нӕ бон цы у базонын?
6 Йесо зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ тынг тӕригъӕд кодта ӕфхӕрд адӕмӕн, йӕ сӕрыл рахӕцӕг кӕмӕн нӕ уыд, уыдонӕн. Афтӕмӕй сӕххӕст кодта Исайы пехуымпарад. Дзуттаг Фыстыты, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй ӕмӕ йӕ бартӕ кӕмӕн ссӕндынц, уыдон барст цӕуынц цъӕл хъӕзимӕ ӕмӕ, мӕнӕ-мӕнӕ чи ахуысдзӕн, ахӕм цырагъимӕ. (Бакӕс Исайы 42:3.) Ацы абарстыты фӕрцы Йегъовӕ равдыста, иннӕтӕм нымады дӕр чи нӕу, уыдоны Йесо кӕй уарздзӕн ӕмӕ сын сӕ зын кӕй ӕмбардзӕн.
7, 8. Йесо Исайы пехуымпарад куыд сӕххӕст кодта?
7 Матфей Исайы ныхӕстӕ ахаста Йесомӕ. Йӕ Евангелийы Йесойы тыххӕй ныффыста: «Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъ нӕ ахуыссын кӕндзӕн» (Матф. 12:20). Йесо бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта, иннӕтӕ кӕй ницӕмӕ дардтой ӕмӕ хорзӕй чи ницӕмӕуал ӕнхъӕлмӕ каст, уыдоны тыххӕй. Уыдонӕй иу уыди, йӕ буар хъотыры хъӕдгӕмттӕй кӕмӕн нал зынд, ахӕм нӕлгоймаг. Ӕвӕццӕгӕн ӕй уырнгӕ дӕр нӕ кодта, искуы кӕй сдзӕбӕх уыдзӕн ӕмӕ та йӕ бинонтимӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттимӕ кӕй уыдзӕн, уый (Лук. 5:12, 13). Иухатт та йӕм ӕрбакодтой, къуырма чи уыд, стӕй дзургӕ дӕр дзӕбӕх чи нӕ кодта, ахӕм адӕймаджы. Ахъуыды-ма кӕнут, куыд зын ын уыдаид, иннӕтӕ-иу кӕрӕдзиимӕ куы ныхас кодтой ӕмӕ-иу сӕ куы не ’мбӕрста, уӕд (Мар. 7:32, 33).
8 Уымӕй уӕлдай, Йесойы заман дзуттӕгтӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ адӕймаг рынчын кӕнӕ сахъат вӕййы йӕхи кӕнӕ йӕ ныййарджыты тӕригъӕдты аххосӕй (Иоан. 9:2). Ӕмӕ сыл былысчъилтӕ кодтой. Уый тыххӕй уыцы мӕгуыр адӕм сӕхи зӕххӕй сисыны аккагыл дӕр нӕ нымадтой. Фӕлӕ-иу сӕ Йесо сдзӕбӕх кодта ӕмӕ сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ ныфс Хуыцауыл дардтаиккой. Уымӕй нӕ бон у базонын, Йесо нӕм цы зӕрдӕ дары, уый.
9. Дзуттӕгтӕм 4:15, 16 стихтӕй куыд у бӕрӕг, нӕ Хистӕр сауджын тӕригъӕдджын адӕмӕн сӕ зын кӕй ӕмбары?
9 Бакӕс Дзуттӕгтӕм 4:15, 16. Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йесо нын алкӕддӕр нӕ зын кӕй ӕмбардзӕн ӕмӕ нӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыдзӕн. Уый нын тӕригъӕд кӕны ӕмӕ ӕмбары, куыд зын нын вӕййы, уый. Ацы стихы «ӕмбарын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны, Йесо нын нӕ рыст кӕй ӕмбары ӕмӕ нын зын куы вӕййы, уӕд уымӕн дӕр зын кӕй вӕййы. Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй бӕрӕг у, иннӕты зын-иу йӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй айста. Афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ иннӕты хъуамӕ дзӕбӕх кӕна, уый йӕ хӕс кӕй у, уый тыххӕй. Уый сыл зӕрдиагӕй тыхсти ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сын ӕххуыс кодтаид. Зӕгъӕм, йӕ бон уыди хъотырджын лӕджы сдзӕбӕх кӕнын, ма йӕм бавнӕлдтаид, афтӕмӕй. Фӕлӕ йыл андзӕвыд, ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы нӕлгоймагыл бирӕ азты дӕргъы ӕндзӕвгӕ дӕр ничи акодта. Хъусӕй чи нӕ хъуыста, уыцы нӕлгоймаджы та, бирӕ адӕм кӕм уыд, уырдыгӕй хибар ранмӕ акодта, ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта. Стӕй-ма ахъуыды кӕнӕм, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕй йӕ къӕхтӕ чи ныхсадта ӕмӕ йын сӕ йӕ дзыккутӕй чи ныссӕрфта, уыцы сылгоймагыл. Фарисейтӕй иу уыцы сылгоймагмӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ каст, фӕлӕ Йесо йӕ сӕрыл рахӕцыд (Матф. 8:3; Мар. 7:33; Лук. 7:44). Рынчынтыл ӕмӕ, стыр тӕригъӕд чи ракодта, уыдоныл-иу йӕхи никуы атигъ кодта. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй-иу ӕм цыдаиккой ӕмӕ сӕ кӕй уарзы, уый-иу сын равдыста. Мах дӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ ӕмбары ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл.
НӔ ХИСТӔР САУДЖЫНЫ ФӔЗМӔМ
10. Нӕ бон куыд у, цӕстӕй чи нӕ уыны ӕмӕ хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
10 Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм, ӕмӕ нӕм иннӕты рыст хъара ӕмӕ сын сӕ зын ӕмбарӕм (1 Пет. 2:21; 3:8). Нӕ бон диссӕгтӕ аразын нӕу. Фӕлӕ нӕ бон у, хъусӕй чи нӕ хъусы ӕмӕ цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уой. Зӕгъӕм, къухӕйамонгӕ ӕвзӕгтӕй нӕм 100 ӕвзагӕй фылдӕрыл ис публикацитӕ. Цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдонӕн та публикацитӕ уадзӕм Брайлы шрифтыл 60 ӕвзагӕй фылдӕрыл. 100 ӕвзагӕй фылдӕрыл та уадзӕм видеороликтӕ тифлокомментаритимӕ. Ацы публикацитӕ уадзӕм, цӕмӕй, хъусӕй чи нӕ хъусы ӕмӕ, цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдон Йегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ баввахс уой.
Библийыл арӕзт публикацитӕ уадзӕм 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл
Галиуырдыгӕй: Къухӕйамонгӕ ӕвзӕгтӕй 100 фылдӕр
Рахизырдыгӕй: Брайлы шрифтыл 60 ӕвзагӕй фылдӕр
(кӕс 10 абзац)
11. Йегъовӕйы организаци куыд архайы, цӕмӕй алыхуызон адӕмӕн ӕххуыс кӕна? (Хъуыддӕгтӕ 2:5–7, 33). (Кӕс нывтӕм дӕр.)
11 Йегъовӕйы организаци архайы, цӕмӕй алыхуызон адӕмӕн ӕххуыс кӕна, кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесо куы райгас, уӕд н. э. 33 азы, Фӕндзайӕм боны цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта, цӕмӕй, бӕрӕгбонмӕ чи ’рбацыд, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр хорз хабар «йӕхи ӕвзагыл» фехъусын кодтаиккой. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:5–7, 33.) Ӕмӕ абон дӕр Йесойы разамындмӕ гӕсгӕ нӕ организаци Библийыл арӕзт публикацитӕ уадзы 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл, кӕд уыцы ӕвзӕгтӕй иуӕй-иутыл бирӕ адӕм нӕ дзуры, уӕддӕр. Зӕгъӕм, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Америкӕйы бынӕттон цӕрджытӕ цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдонӕй 160 ӕвзагӕй фылдӕрыл нӕ публикацитӕ уадзӕм, цӕмӕй сын хорз хабар сӕ мадӕлон ӕвзагыл фехъусыны фадат уа. Стӕй ма нӕ публикацитӕ уадзӕм 20 цигайнаг ӕвзагӕй фылдӕрыл. Уыцы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмӕй мингӕйттӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстой.
Галиуырдыгӕй: Цӕгат ӕмӕ Хуссар Америкӕйы бынӕттон цӕрджытӕ цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдонӕй 160 ӕвзагӕй фылдӕр
Рахизырдыгӕй: 20 цигайнаг ӕвзагӕй фылдӕр
(кӕс 11 абзац)
12. Йегъовӕйы организаци ма адӕмӕн ӕххуыс кӕныны тыххӕй ноджыдӕр цы аразы?
12 Йегъовӕйы организаци адӕмӕн ӕххуыс кӕны хорз хабар базонынӕн. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай ӕххуыс кӕны, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн. Мингай барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ цӕттӕ вӕййынц сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынмӕ. Стӕй ма нын организацийы фӕрцы ис, Йегъовӕйӕн кӕм кувӕм, ахӕм бынӕттӕ. Уырдӕм алкӕмӕн дӕр йӕ бон вӕййы ӕрбацӕуын ӕмӕ базонын, Хуыцау ӕй куыд тынг уарзы, уый.
НӔ ХИСТӔР САУДЖЫН НЫН ӔХХУЫС КӔНЫ
13. Йесо нын куыд ӕххуыс кӕны?
13 Йесо у хорз фыййау ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа (Иоан. 10:14; Еф. 4:7). Хатт нӕм нӕ зындзинӕдты тыххӕй афтӕ фӕкӕсы, цыма цъӕл хъӕзы хуызӕн стӕм кӕнӕ, мӕнӕ-мӕнӕ чи ахуысдзӕн, ахӕм цырагъы хуызӕн. Хатт нӕ циндзинад ӕрмынӕг вӕййы, уӕззау низӕй рынчын кӕй стӕм, уый тыххӕй, нӕ рӕдыдтыты тыххӕй кӕнӕ, ӕмбырды кӕимӕдӕр кӕрӕдзи кӕй нӕ бамбӕрстам, уый тыххӕй. Чи зоны нӕ зындзинӕдтыл афтӕ свӕййӕм, ӕмӕ нӕ фидӕнӕй цы ныфс ис, ууыл нал фӕхъуыды кӕнӕм. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, Йесо кӕй уыны, цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уый ӕмӕ кӕй ӕмбары, куыд зын дын у. Йесо тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дын цӕттӕ вӕййы баххуыс кӕнынмӕ. Зӕгъӕм, ныфссаст куы вӕййыс, уӕд дӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы бафидар кӕны (Иоан. 16:7; Тит. 3:6). Стӕй ма дын йӕ бон вӕййы хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты дӕр баххуыс кӕнын (Еф. 4:8).
14. Нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд нӕ бон цы вӕййы аразын?
14 Дӕ ныфс куы асӕтты, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар, Йесо нӕ Хистӕр сауджын кӕй у. Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ йӕ зӕхмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй кӕй нӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард мах тыххӕй радтаид, фӕлӕ ма цӕмӕй хуыздӕр бамбӕрстаид, ӕнӕххӕст адӕм цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый. Нӕ рӕдыдтыты ӕмӕ тӕригъӕдты тыххӕй нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд нын Йесо «бахъуаджы сахат» баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййы (Дзут. 4:15, 16).
15. Иу ӕфсымӕрӕн Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн цы баххуыс кодта?
15 Йесо ма нын ӕххуыс кӕны, Йегъовӕйы дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыдоны агурынӕн ӕмӕ, фӕстӕмӕ чи ӕрбаздӕхт, уыдонӕн ӕххуыс кӕнынӕн (Матф. 18:12, 13). Ӕркӕсӕм Сте́фанойыb хабармӕ. Ӕмбырдӕй йӕ куы фӕхицӕн кодтой, уымӕй 12 азы куы рацыд, уӕд сфӕнд кодта ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуын. Уый зӕгъы: «Ӕнцон мын нӕ уыди, фӕлӕ мӕ фӕндыд Йегъовӕйӕн мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртимӕ иумӕ лӕггад кӕнын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ тынг хӕларзӕрдӕ уыдысты. Хатт-иу мӕхимӕ ницӕйаг кастӕн, ӕмӕ-иу хъуыды кодтон, зӕгъгӕ, уый аккаг нӕ дӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнон. Фӕлӕ мын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дзырдтой, Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй мӕ къухтӕ ’руадзон. Ӕмбырдмӕ фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхтӕн, ууыл иууылдӕр фӕцин кодтой. Фӕстӕдӕр мӕ бинойнаг Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ абон Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнӕм». Йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кодта, уыдонӕн ӕмбырдмӕ фӕстӕмӕ ’рбаздӕхынӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд нӕ Хистӕр сауджын тынг фӕцин кӕны.
16. Нӕ рыст нын чи ’мбары, ахӕм Хистӕр сауджын нын кӕй ис, уый тыххӕй бузныг цӕмӕн дӕ?
16 Йесо зӕххыл куы цард, уӕд бирӕ адӕмӕн баххуыс кодта. Мах дӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, алкӕддӕр нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. Тагъд ралӕудзӕн ног дуне, ӕмӕ Йесо коммӕгӕс адӕмы тӕригъӕдӕй ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинадӕй фервӕзын кӕндзӕн. Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый тыххӕй нын радта, нӕ рыст нын чи ’мбары, ахӕм Хистӕр сауджыны. Ӕмӕ дзы мах уый тыххӕй тынг бузныг стӕм!
13 ЗАРӔГ Чырысти махӕн у фӕзминаг
a Хистӕр сауджын Йесойы хӕстӕ, израилаг хистӕр сауджынтӕн цы хӕстӕ уыд, уыдонӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый базондзынӕ статьяйӕ «Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны кӕй лӕггад кӕныс, уымӕн аргъ кӕн», 2023 азы октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 26 ф., 7–9 абз.
b Ном ивд у.