УЫНАФФӔТӔ ИРТАСЫНӔН
Цы дын баххуыс кӕндзӕн Библи алы бон дӕр кӕсынӕн?
Кӕмӕндӕрты Библи алы бон кӕсын нӕ фӕуайы, тынг ӕнӕвдӕлон кӕй сты, уый тыххӕй (Йес. Н. 1:8). Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд ацы уынаффӕтӕй искӕцыйӕ спайда кӕн:
Дӕ телефоны будильник сӕвӕр. Дӕ телефоны-иу будильник сӕвӕр, цӕмӕй-иу дын алы бон дӕр дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, Библи бакӕсын дӕ кӕй хъӕуы, уый.
Дӕ Библи зынгӕ ран сӕвӕр. Кӕд мыхуыргонд Библи фӕкӕсыс, уӕд ӕй сӕвӕр, хорз кӕм зына ӕмӕ йӕ алы бон дӕр кӕм уынай, ахӕм ран (Дык. з. 11:18).
Библийы аудиозаписьтӕм хъус. Хӕдзары куыстытӕ кӕнгӕйӕ-иу Библийы аудиозаписьтӕм хъус. Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис ӕмӕ ӕхсӕвыгӕтты чи фӕкусы, иу ахӕм хо, Тарӕ, загъта: «Хӕдзары куыстытӕ кӕнгӕйӕ Библийы аудиозаписьтӕм кӕй фӕхъусын, уый фӕрцы иу бон дӕр афтӕ нӕ ацӕуы, ӕмӕ Библи ма бакӕсон».
Дӕ къухтӕ ма ’руадз. Кӕд исты хабӕртты тыххӕй дӕ бон не сси Библи, цы рӕстӕг ын снысан кодтай, уыцы рӕстӕг бакӕсын, уӕддӕр-иу фынӕйы размӕ цалдӕр стихы уӕддӕр бакӕс. Алы бон дӕр цалдӕр стихы куы кӕсай, уӕд дын уый дӕр стыр пайда ӕрхӕсдзӕн (1 Пет. 2:2).