Фиппаинаг
b Данелы 1:1, 2 фыст ис, Иоаким Навуходоносоры къухмӕ лӕвӕрд кӕй ӕрцыд, ӕртыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд. Куыд зыны, афтӕмӕй Данел Иоакимы хицаудзинады рӕстӕг нымадта, Иудӕ Вавилоны дӕлбар куы баци, уӕдӕй. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ паддзах амард, вавилойнӕгтӕ горӕты алыварс куы лӕууыдысты, уыцы рӕстӕг. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй ӕппынфӕстаг Иерусалим басастой. Иосиф Флавий фыссы, зӕгъгӕ, Навуходоносор Иоакимы амардта ӕмӕ йын йӕ мард Иерусалимы ӕдде аппӕрста, ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй баззад. Фӕлӕ Йереми Иоакимы мӕлӕты тыххӕй цы пехуымпар-ныхас загъта, уый ӕцӕгдӕр куыд сӕххӕст, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст (Йер. 22:18, 19; 36:30).