Thai Liang Lim/E+ via Getty Images
МА БАФЫНӔЙ УТ!
Ӕгас дунейы дӕр адӕмы мӕты ӕфтауы, социалон сетьтӕ ӕрыгӕттыл куыд ӕндавынц, уый
2025 азы алыхуызон бӕстӕты хицауад загъта, мӕты сӕ кӕй ӕфтауы, социалон сетьтӕ ӕрыгӕттыл куыд ӕндавынц, уый. Иу бӕстӕйы рацыд закъон, 16 азы кӕуыл нӕ цӕуы, уыцы сывӕллӕттӕн бар кӕй нӕй, цӕмӕй социалон сетьтӕй пайда кӕной. Ӕндӕр бӕстӕты дӕр ахӕм закъон сфидар кӕнын фӕнд кӕнынц.
Рӕзгӕ кары чи ис, уыцы сывӕллӕттӕй дӕр иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сыл социалон сетьтӕ, гӕнӕн ис, ӕвзӕрырдӕм ӕндавой. Америкӕйы Иугонд Штатты иу иртасӕн центр цы сбӕрӕг кодта, уый мыхуыры рауагъта 2025 азы апрелы: «Ӕрыгӕттӕн се ’мбис (48%), 13 азӕй 17 азы онг, загътой, социалон сетьтӕ ӕвзӕрырдӕм кӕй ӕндавынц се ’мгӕрттыл» (Pew Research Center).
Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, социалон сетьтӕ ӕрыгӕтты психикӕйӕн зиан кӕй хӕссынц. Вивек Мурти, сӕйраг хирург Америкӕйы Иугонд Штаттӕй, фарон загъта: «Ӕрыгӕттӕн сӕ психикӕ тынг ӕвзӕр уавӕры ис ӕмӕ хабар фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны. Ӕмӕ афтӕ у социалон сетьты аххосӕй дӕр».
Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнын, социалон сетьтӕ цы зиан хӕссынц, уымӕй? Библийы ис хорз уынаффӕтӕ.
Ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын?
Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр уынаффӕмӕ.
«Ӕмбаргӕ адӕймаг... хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл» (Ӕмбисӕндтӕ 14:15).
Социалон сетьтӕн сӕ бон у уӕ сывӕллонӕн зиан ӕрхӕссын, уымӕ гӕсгӕ афтӕ ма хъуыды кӕнут, ӕмӕ йӕ хъуамӕ уадзат социалон сетьтӕй пайда кӕнын. Цалынмӕ уӕ сывӕллонӕн социалон сетьтӕй пайда кӕныны бар нӕ раттат, уӕдмӕ ахъуыды кӕнут: «Йӕ бон у, цас рӕстӕг сӕ пайда кӕндзӕн, уымӕ йӕ хъус дарын? Хорз ӕмбӕлттӕ йын уыдзӕн? Социалон сетьты нӕ кӕсдзӕн, ӕвзӕрырдӕм ыл цы фӕзындзӕн, ахӕм цӕмӕдӕрты?»
Уӕ бон у фылдӕр базонын статьятӕй «Разрешить ли своему ребёнку пользоваться соцсетями?» ӕмӕ «Учите подростка пользоваться соцсетями с умом».
«Уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут» (Ефесӕгтӕм 5:16).
Кӕд уӕ сывӕллонӕн уый бар раттат, цӕмӕй социалон сетьтӕй пайда кӕна, уӕд-иу баныхас кӕнут, кӕд, цас ӕмӕ цӕмӕ кӕсдзӕн, ууыл ӕмӕ-иу ын бамбарын кӕнут, уый йӕ куыд бахъахъхъӕндзӕн. Уӕ сывӕллонмӕ уӕ хъус дарут, ӕмӕ куы бафиппайат, ӕвзӕрырдӕм кӕй ивы, уӕд-иу ӕй социалон сетьтӕй бирӕ рӕстӕг пайда кӕнын мауал уадзут.
Фломастерӕй ныв анимаци «Социалон сетьты къӕппӕджыты ма бахау» уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ сывӕллонӕн бамбарын кӕнат, социалон сетьтӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый.
Библийы уагӕвӕрдтыл арӕзт уынаффӕтӕ ма ссарӕн ис статьяйы «Социалон сетьтӕ ӕвзӕрырдӕм ӕндавынц сывӕллӕттыл ӕмӕ ӕрыгӕттыл. Библийы цы фыст ис?»
Фылдӕр базон
Библийы фыст ис, «тынг уӕззау рӕстӕг» кӕй цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Фӕлӕ ма дзы ис, стыр ӕххуыс уын чи фӕуыдзӕн, ахӕм хорз уынаффӕтӕ дӕр. Статьяйы «Рӕзгӕ кары сывӕллӕттӕ ӕмӕ психикӕимӕ баст низтӕ. Библийы цы фыст ис?» ранымадтой 20 статьяйӕ фылдӕр ӕмӕ пайда уыдзысты ныййарджытӕн дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн дӕр.