2026 АЗЫ 6–12 АПРЕЛЫ
82 ЗАРӔГ «Уӕ рухс кӕлӕд»
Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй не ’нӕуырнӕг бинонтимӕ хӕларӕй цӕрӕм?
«Хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд» (ГАЛ. 6:9).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй не ’нӕуырнӕг бинонтимӕ хӕларӕй цӕрӕм ӕмӕ сын куыд ис Йегъовӕйы тыххӕй дзурӕн, байхъусынмӕ цӕттӕ куы уой, уӕд.
1, 2. Адӕймаг Библи ахуыр кӕнын куы райдайы, уӕд йӕ хиуӕттимӕ, гӕнӕн ис, кӕрӕдзи цӕуылнӕуал ӕмбарой?
ЙЕСО, йӕ фӕдыл цӕуын кӕй бафӕндыд, уыцы адӕймагӕн загъта: «Ацу уӕхимӕ ӕмӕ дӕ хиуӕттӕн ӕппӕт дӕр радзур – Йегъовӕ дын цы хорздзинад ракодта... уый» (Мар. 5:19). Йесо афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ йӕ зыдта, адӕймаг афтӕ конд кӕй у, ӕмӕ исты хорз хабар куы базоны, уӕд ӕй фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ йӕ хиуӕттӕн дӕр радзура.
2 Дӕумӕ та цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыд, Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уӕд? Ӕвӕццӕгӕн, тынг цин кодтай ӕмӕ дӕ бон нӕ уыд хъусӕй лӕууын. Фӕндыд дӕ, цы базыдтай, уый иннӕтӕн дӕр радзурын. Фӕлӕ, чи зоны, дӕ хиуӕтты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдтай, уый. Кӕнӕ та, чи зоны, цы базыдтай, уый тыххӕй сын фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй нӕ дзырдтай, ӕмӕ дӕм смӕсты сты. Кӕд афтӕ у, уӕд дын ацы статья стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Базондзынӕ, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уай ӕмӕ уыимӕ дӕ хиуӕттимӕ дӕр хӕларӕй цӕрай.
3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
3 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: 1) Тӕригъӕдгӕнаг куы уӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’нӕуырнӕг хиуӕттылa тыхсӕм, Йегъовӕйы базонын сӕ куы нӕ фӕнда, уӕд дӕр? 2) Сӕ ныхӕстӕй кӕнӕ-иу нӕ сӕ хъуыддӕгтӕй куы фӕхъыг кӕной, уӕд-иу нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм? 3) Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй фӕразон уӕм, ӕмӕ нӕ ныфс уа, иубон уыдон дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдайдзысты? 4) Кӕй сӕ уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
ТӔРИГЪӔДГӔНАГ У ӔМӔ СЫН АФТӔМӔЙ ӔХХУЫС КӔН
4. Йесо цы цӕстӕй каст, цы хабар хъусын кодта, уымӕ-иу чи нӕ байхъуыста, уыдонмӕ?
4 Йесо цы хабар хъусын кодта, уымӕ-иу се ’ппӕт нӕ байхъуыстой, фӕлӕ-иу сыл йӕ къух нӕ ауыгъта. Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас. Йӕхи абарста сӕнӕфсирдонгӕсимӕ. Уыцы сӕнӕфсирдонгӕс зылди, дыргъ чи нӕ лӕвӕрдта, ахӕм легъуибӕласмӕ. Бирӕ йыл фыдӕбон кодта, ныфс ӕй уыд, иубон та дыргъ кӕй ӕрхӕсдзӕн (Лук. 13:6–9). Йесо уыцы фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕдмӕ дзуттӕгтӕн ӕртӕ азӕй фылдӕр ӕххуыс кодта, цӕмӕй йыл баууӕндыдаиккой ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суыдаиккой. Йесо йӕ къухтӕ цӕуылнӕ ӕруагъта? Уый адӕмӕн тӕригъӕд кодта, ӕмӕ уый фӕрцы семӕ уыд фӕразон.
5. Йесо дзуттӕгтӕн цӕмӕн тӕригъӕд кодта?
5 Йесо дзуттӕгтӕн тӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ сын дины разамонджытӕ не ’ххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад базыдтаиккой. Йесо уыдта, адӕм кӕй уыдысты «ӕнӕфыййау фыстау» (Мар. 6:34). Йӕ мӕлӕтмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд ма кӕугӕ дӕр скодта, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Иерусалимы цӕрджытӕй сӕ фылдӕр сӕ цард кӕй фесафдзысты, уырнындзинад сӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй (Лук. 19:41–44). Мах дӕр нӕ хиуӕттӕм ахӕм зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм.
6. Не ’нӕуырнӕг хиуӕттимӕ фӕразон цӕмӕн хъуамӕ уӕм? (Галатӕгтӕм 6:9).
6 Бакӕс Галатӕгтӕм 6:9. Кӕд нӕ хиуӕтты ныртӕккӕ нӕ фӕнды Йегъовӕйы тыххӕй базонын, уӕддӕр хъуамӕ семӕ уӕм фӕразон ӕмӕ хъуамӕ, «хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕтта». Мах ӕй зонӕм: цӕмӕй адӕймаг, цӕуыл ӕууӕнды, ууыл йӕ къух сиса ӕмӕ Йегъовӕйыл баууӕнда, уымӕн хъӕуы рӕстӕг. Чи зоны, дӕу дӕр кӕддӕр «ныфс... ницӕмӕй уыд ӕмӕ ацы дунейы цардтӕ ӕнӕ Хуыцауӕй» (Еф. 2:12). Фӕлӕ дӕм чидӕр фӕразондзинад равдыста ӕмӕ дын баххуыс кодта Йегъовӕйы базонынӕн. Ды дӕр фӕразон куы уай, уӕд, гӕнӕн ис, дӕ бон суа дӕ хиуӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базоной.
СӔ НЫХӔСТӔЙ КӔНӔ-ИУ ДӔ СӔ ХЪУЫДДӔГТӔЙ КУЫ ФӔХЪЫГ КӔНОЙ, УӔД-ИУ ДӔХИ КУЫД ХЪУАМӔ ДАРАЙ?
7. Йесойы ӕфсымӕрты, гӕнӕн ис, цӕуылнӕ уырныдта Мессийӕ кӕй у, уый?
7 Йесойы ӕфсымӕртӕ фехъуыстаиккой, Йесо Галилейӕйы цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй (Лук. 4:14, 22–24). Фӕлӕ сӕ фыццаг нӕ уырныдта, Мессийӕ кӕй у, уый (Иоан. 7:5). Цӕуылнӕ? Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ нын ӕмбарын кӕны, дзуттӕгтӕй-иу кӕйдӕрты Йесойы фӕдыл цӕуын кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕн кӕй уыд ӕппынкъаддӕр дыууӕ аххосаджы. Иутӕ тарстысты, адӕм сӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын куы райдайой, уымӕй (Иоан. 9:18–22). Иннӕты та нӕ уырныдта, йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ кӕй зыдтой, уыцы адӕймаг Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй у (Мар. 6:1–4). Ӕмӕ Йесойы ӕфсымӕртӕ дӕр, гӕнӕн ис, афтӕтӕ хъуыды кодтой. Ӕмӕ нӕ хиуӕтты дӕр, гӕнӕн ис, ахӕм аххосӕгты тыххӕй нӕ фӕфӕнды рӕстдзинадмӕ байхъусын.
8. Не ’нӕуырнӕг хиуӕттӕ нӕ сӕ ныхӕстӕй кӕнӕ сӕ хъуыддӕгтӕй, гӕнӕн ис, цӕмӕн фӕхъыг кӕной?
8 Цыдӕр цӕмӕн фӕзӕгъынц кӕнӕ саразынц, ууыл-иу ахъуыды кӕн. Йесойӕ йӕ хиуӕттӕ иухатт загътой, «йӕ сӕрызонд фӕцыди», зӕгъгӕ, ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ дӕр, чи зоны, се ’хсӕн уыдысты (Мар. 3:21). Цымӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кодтаиккой? Контекстӕй бӕрӕг у, Йесо афтӕ бирӕ кӕй хъусын кодта, ӕмӕ йӕ хӕрынмӕ дӕр нӕ равдӕлд (Мар. 3:20). Уый тыххӕй, чи зоны, йӕ хиуӕттӕм афтӕ каст, ӕмӕ фанатик у. Нӕ хиуӕттӕм дӕр, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ нӕ диныл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг хардз кӕнӕм. Уӕд сын хъуамӕ равдисӕм, ӕмбаргӕ кӕй стӕм. Кӕд нын нӕ лӕггад сӕйраг у, уӕддӕр ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр фӕаразӕм.
9. Нӕ хиуӕттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын, гӕнӕн ис, цӕй фӕрцы райдайой? (1 Петры 3:1, 2). (Кӕс нывтӕм дӕр.)
9 Дӕ бӕсты дзурӕнт дӕ хъуыддӕгтӕ. Нӕ хиуӕттӕм хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй сӕ хъуыды фӕивой. (Бакӕс 1 Петры 3:1, 2.) Зӕгъӕм, хо ӕмбырдмӕ кӕнӕ хъусын кӕнынмӕ куы ацӕуа, уӕд йе ’нӕуырнӕг лӕг, гӕнӕн ис, ӕнкъард кӕна кӕнӕ йӕхимӕ иунӕг кӕса. Цӕмӕй афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй хойӕн йӕ бон у йӕ лӕггадимӕ баст хабӕрттӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй йӕ лӕгимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвита. Зӕгъӕм, йӕ бон у уацамынды цӕуын, йӕ лӕг цыдӕртӕ куы араза кӕнӕ хӕдзары куы нӕ уа, уӕд. Чырыстон сылгоймаг ӕмбаргӕ куы уа ӕмӕ-иу, цы хъӕуа, уый куы фӕива, уӕд ын йӕ лӕг, гӕнӕн ис, йӕ динмӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдайа.
Не ’нӕуырнӕг цардӕмбалмӕ хӕларзӕрдӕ куы уӕм ӕмӕ йемӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдайа (кӕс 9 абзац)g
10. Нӕ ныхмӕ куы дзурой, уӕд нӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын?
10 Дӕ ныхмӕ куы дзурой, уӕд хатт хуыздӕр вӕййы хъусӕй лӕууын. Йесойы гуыбындзӕл ӕмӕ нозтуарзаг куы схуыдтой, уӕд не смӕсты ӕмӕ афтӕтӕ нӕ дзырдта, уый афтӕ нӕу, зӕгъгӕ. Уый фӕндыд, цӕмӕй адӕм уыдтаиккой, цы аразы, уый, ӕмӕ уый фӕрцы бамбӕрстаиккой, цы дзы дзурынц, уый раст кӕй нӕу (Матф. 11:19). Йесо алцӕмӕй дӕр бӕрц зыдта, фӕлӕ, царды ӕхсызгондзинад цы хӕссы, уыдӕттӕй дӕр йӕхи бынтон нӕ цух кодта. (Абар Иоанны 2:2, 6–10.) Мах дӕр хъуамӕ Йесойы фӕзмӕм. Исчи-иу нӕ ныхмӕ куы дзура, уӕд-иу хатт хуыздӕр уыдзӕн хъусӕй лӕууын. Уадз ӕмӕ йӕ нӕ хиуӕттӕ уыной, алцӕмӕй дӕр бӕрц кӕй зонӕм ӕмӕ амондджын кӕй стӕм. Ӕмӕ уӕд, гӕнӕн ис, бамбарой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ӕвзӕрӕй цы фехъуыстой, уыдон мӕнг ныхӕстӕ кӕй сты.
ДАРДДӔР ДӔР ФӔРАЗОН У ӔМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔС
11. Йесо йе ’нӕуырнӕг ӕфсымӕртимӕ йӕхи куыд дардта?
11 Библийӕ бӕрӕг у, Йесо йе ’фсымӕртимӕ алкӕддӕр фӕразон кӕй уыд. Зӕгъӕм, Канӕйы йӕ фыццаг диссаг куы сарӕзта, уӕд йе ’фсымӕртӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уым уыдысты (Иоан. 2:11, 12). Фӕлӕ, гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй сӕ нӕ уырныдта, Йесо Мессийӕ кӕй у. Фӕлӕ сыл уый тыххӕй Йесо йӕ къух нӕ систа. Канӕйы фыццаг диссаг куы сарӕзта, уымӕй иу-ӕртӕ азы фӕстӕ йе ’фсымӕртимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта (Иоан. 7:5–8).
12. Нӕ хиуӕттӕй чидӕртӕ иубон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдайдзысты, уый ныфс нӕ цӕмӕн хъуамӕ уа?
12 Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау. Уый кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ дарддӕр дӕр ныфс ис, иубон нӕ хиуӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдайдзысты. Мӕнг динтӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд нӕ хиуӕттӕ, гӕнӕн ис, ӕрхъуыды кӕной, уыцы хабары тыххӕй сын кӕй дзырдтам ӕмӕ ма, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕр райдайойb (Рарг. 17:16). Фӕлӕ сын нӕ бон у ӕххуыс кӕнын, цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ. Зындзинӕдтыл куы ’мбӕлой, уӕд-иу сӕ фарсмӕ балӕудзыстӕм ӕмӕ, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй-иу сын баххуыс кӕндзыстӕм. Кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ кӕй стӕм, уый куы уыной, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, бафӕнда рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр базонын.
КӔЙ СӔ УАРЗЫС, УЫЙ БӔРӔГ УӔД
13. Кӕд нын нӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгтыл бирӕ рӕстӕг ацӕуы, уӕддӕр нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
13 Кӕд нӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгтыл бирӕ рӕстӕг фӕхардз кӕнӕм, уӕддӕр нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ хиуӕттӕ афтӕ хъуыды кӕной, ӕмӕ сӕ нал уарзӕм кӕнӕ нӕ нӕ фӕнды семӕ рӕстӕг ӕрвитын (Матф. 7:12). Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, кӕй сӕ уарзӕм, уый? Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.
14, 15. Не ’нӕуырнӕг хиуӕтты кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
14 Семӕ-иу арӕх ныхас кӕн. Нӕ хиуӕтты кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕ царды цы хабӕрттӕ цӕуы, уый-иу сын куы радзурӕм, уымӕй. Нӕ бон сӕм у телефонӕй афыссын ӕмӕ къамтӕ арвитын, зӕгъӕм, отпусчы кӕнӕ не ’мбӕлттимӕ рӕстӕг ӕрвитгӕйӕ кӕй систам, уыцы къамтӕ. Нӕ бон ма сын у гыццыл исты балӕвар кӕнын кӕнӕ сӕм писмойы фӕлмӕн ныхӕстӕ ныффыссын. Уыдӕттӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, зынаргъ нын кӕй сты. Ахӕм хъуыддӕгты фӕрцы сын, зӕгъӕн ис, фӕдзурӕм, кӕй сӕ уарзӕм.
15 Ӕркӕсӕм Сомихӕй иу хойы, Аннӕйы, хабармӕ. Йӕ хиуӕттӕ уарзынц иумӕ бирӕ рӕстӕг ӕрвитын, уӕлдайдӕр гуырӕнбонты ӕмӕ ӕндӕр бӕрӕгбӕтты рӕстӕг. Аннӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уӕд йӕ хиуӕттӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, ӕмӕ семӕ рӕстӕг нал ӕрвитдзӕн, ӕмӕ сӕ уый мӕты ӕфтыдта. Стӕй сӕм афтӕ каст, ӕмӕ йӕ ног дин йӕ фидӕныл ӕвзӕрырдӕм фӕзындзӕн. Аннӕ цы аразы, цӕмӕй йыл йӕ хиуӕттӕ ма мӕт кӕной? Уый загъта: «Мӕ хиуӕтты куы абӕрӕг кӕнын, уӕд сын радзурын, куыд дӕн ӕмӕ цы аразын, уый тыххӕй. Хӕдзармӕ сӕ фӕхонын ӕмӕ сӕ ме ’мбӕлттимӕ базонгӕ кӕнын. Уый фӕрцы ме ’мбӕлтты хорз зонынц ӕмӕ сын ӕхсызгон вӕййы семӕ рӕстӕг ӕрвитын». Аннӕ ма загъта: «Мӕ хиуӕттӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц, амондджын кӕй дӕн, ӕмӕ мыл нал мӕт кӕнынц».
16. Йесо куыд равдыста, йе ’фсымӕр Иаков дзы рох кӕй нӕ уыд, уый? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)
16 Бӕрӕг уӕд, рох дӕ кӕй не сты. Йесо куы райгас, уӕд фӕзынд йе ’фсымӕр Иаковмӕ, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, рох дзы кӕй нӕу (1 Кор. 15:7). Ахъуыды-ма кӕнут, Иаковӕн куыд ӕхсызгон уыдаид, Йесо йыл йӕ къух кӕй нӕ ауыгъта, уый куы бамбӕрста, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн, растдӕр уыцы рӕстӕг бауырныдта Иаковы, Йесо Мессийӕ кӕй у. Йесо йӕм куы фӕзынд, уый фӕстӕ, чи зоны, йӕ хиуӕттимӕ аныхас кодта ӕмӕ сын баххуыс кодта, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый бамбарынӕнc (Хъуыд. 1:14).
17. Ромӕгтӕм 12:15 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у архайын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
17 Бакӕс Ромӕгтӕм 12:15. Хорз рӕстӕджыты дӕр ӕмӕ-иу зын рӕстӕджыты дӕр нӕ хиуӕтты фарсмӕ куы балӕууӕм, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдайойd. Зӕгъӕм, искӕмӕн сӕ сывӕллон куы райгуыра, уӕд сын нӕ бон у раарфӕ кӕнын ӕмӕ исты балӕвар кӕнын. Афтӕмӕй фендзысты, сӕ циныл сын кӕй цин кӕнӕм. Кӕнӕ та сӕ искӕуыл зиан куы ’рцӕуа, уӕд ын дӕ бон у, удӕнцой йын чи ’рхӕсдзӕн, ахӕм ныхӕстӕ зӕгъын, истӕмӕй йын баххуыс кӕнын кӕнӕ йын открыткӕ балӕвар кӕнын. Хорз уаид, нӕ хиуӕттӕм-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ телефонӕй куы бадзуриккам кӕнӕ-иу сӕ куы абӕрӕг кӕниккам, уӕлдайдӕр зындзинӕдтыл куы ’мбӕлой, уӕд.
Дӕ хиуӕттӕ ӕххуысхъуаг куы уой ӕмӕ-иу уыцы рӕстӕг сӕ фарсмӕ куы балӕууай, уӕд, гӕнӕн ис, дӕумӕ дӕр ӕмӕ дын дӕ динмӕ дӕр хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдайой (кӕс 17 абзац)h
18. Нӕ бон куыд у ахуыргӕнинаг Андрейы бафӕзмын?
18 Хотӕ ӕмӕ-иу сӕ ’фсымӕртимӕ базонгӕ кӕн. Ахуыргӕнинаг Андрей куы бамбӕрста, Йесо Мессийӕ кӕй у, уӕд уайтагъд йе ’фсымӕр Петры ӕрбакодта ӕмӕ йӕ йемӕ базонгӕ кодта (Иоан. 1:40–42). Нӕ бон куыд у Андрейы бафӕзмын? Зӕгъӕм, нӕ бон у нӕ хиуӕтты рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕмбырдтӕм хонын кӕнӕ та нын не’мбӕлттимӕ исты бадт куы уа, уӕд сӕ уырдӕм фӕхонын. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ куы базонгӕ уой, уӕд ӕй фендзысты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цыдӕр ӕнахуыр адӕм кӕй не сты, фӕлӕ хорз ӕмӕ ӕгъдауджын адӕм кӕй сты.
19. Нӕ хиуӕттӕ йӕ кӕронмӕ куы не ’мбарой, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ цӕуылнӕ аразӕм, уый, уӕддӕр сӕм цавӕр зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм? (1 Петры 3:15).
19 Бакӕс 1 Петры 3:15. Нӕ бинонтӕ, гӕнӕн ис, кӕронмӕ ма ’мбарой, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ цӕуылнӕ аразӕм, уый. Фӕлӕ алкӕддӕр сӕ зӕрдыл дардзысты, хӕларзӕрдӕ сӕм кӕй стӕм ӕмӕ сын аргъ кӕй кӕнӕм. Кӕд семӕ цавӕрдӕр бӕрӕгбӕттӕ нӕ бӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ, Библийы ныхмӕ чи у, ахӕм ӕгъдӕуттӕ не ’ххӕст кӕнӕм, уӕддӕр сын, ӕвӕццӕгӕн, ӕхсызгон уыдзӕн, семӕ-иу рӕстӕг куы ’рвитӕм. Зӕгъӕм, нӕ бон сӕм у уазӕгуаты цӕуын, иумӕ къӕбӕр хӕрын кӕнӕ сын лӕвӕрттӕ кӕнын.
ДӔ НЫФС МАКУЫ АСӔТТӔД
20. Иаковы цӕвиттон нӕ ныфс куыд уадзы?
20 Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд Иаков йӕ фӕдылдзӕуӕг нӕ уыд. Фӕлӕ, ӕппынфӕстаг, сси йӕ ахуыргӕнинаг (Гал. 1:18, 19; 2:9). Кӕд Иаков Йесойы ахуыргӕнинаг уайтагъд не сси, уӕддӕр, Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уыдӕттӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф айста. Хуыцауы разамындӕй ма суанг фыстӕг дӕр ныффыста. Уыцы фыстӕджы ис, Йесо йӕ зындгонд раныхасы цы хъуыдытӕ дзырдта, ахӕм хъуыдытӕe.
21. Нӕ къухтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ ’руадзӕм?
21 Кӕд, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй не ’нӕуырнӕг хиуӕттӕм хӕларзӕрдӕ уӕм, уӕддӕр сӕ, гӕнӕн ис, ма бафӕнда рӕстдзинад базонын ӕмӕ немӕ хӕларӕй цӕрын. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ къухтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ ӕруадзӕм? Уымӕн ӕмӕ сӕм хорз зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд афтӕмӕй фӕзмдзыстӕм нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырт Йесойы (Лук. 6:33, 36). Дарддӕр дӕр афтӕ куы архайӕм, уӕд, чи зоны, цасдӕры фӕстӕ сӕ зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн уой ӕмӕ нӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдайой. Ӕмӕ ма, гӕнӕн ис, ӕрхъуыды кӕной, кӕддӕр сын Йегъовӕйы ӕмӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый тыххӕй цы дзырдтам, уыдӕттӕ. Нӕ къухтӕ куы не ’руадзӕм, уӕд, чи зоны, иубон уыдон дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. Ӕмӕ нын уый ӕрхӕсдзӕн стыр циндзинад!
60 ЗАРӔГ Сӕ цард ууыл баст у
a АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Библийы дзырд «ӕнӕуырнӕг», иу диныл дӕр хӕст чи нӕу кӕнӕ Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, алкӕд ахӕм адӕймагмӕ нӕ фӕамоны. (1 Кор. 7:12; кӕс комментари ныхӕстӕм «неверующая жена», «Учебная Библия»-йы). Ацы статьяйы «ӕнӕуырнӕг хиуӕттӕ» хонӕм, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдоны.
b Кӕс статья «Йегъовӕ адӕмӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕг куыд тӕрхон кӕндзӕн?» 2024 азы майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 11 ф., 11–13 абз.
c Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уый фӕстӕ йе ’фсымӕртӕй ӕппынкъаддӕр дыууӕйӕ систы чырыстӕттӕ – Иаков ӕмӕ Иудӕ.
f Ахӕм уавӕрты куыд ис бакӕнӕн, уый фӕдыл фылдӕр ӕрмӕг дӕ бон у ссарын статьяйы «Вопросы читателей» 2002 азы 15 майы «Сторожевая башня»-йы ӕмӕ статьяйы «Фарстаты асыкк» 2010 азы февралы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддажы».
g НЫВ. Уацамынды ацӕуыны размӕ хо йӕ лӕгӕн хӕринаг цӕттӕ кӕны, ӕмӕ уый аразы цингӕнгӕйӕ.
h НЫВ. Уыцы хо рӕстӕг ссардта, цӕмӕй йе ’фсины абӕрӕг кӕна; йе ’фсин Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу.