50 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
48 ЗАРӔГ Алы бон Йегъовӕимӕ цӕуӕм
Йегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад фӕзмут
«Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут» (ЕФ. 5:1).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Йегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад цавӕр цыппар миниуӕгӕй у бӕрӕг ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у фӕзмын.
1. Йегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад дӕ дисы цӕмӕн ӕфтауы?
БАРТӔ кӕй къухы сты, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ дӕ бон у зӕгъын, ӕмӕ сӕрныллӕг сты? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Йегъовӕ та у Ӕппӕтхъомысджын, фӕлӕ у сӕрныллӕг (Пс. 113:5–8). Йегъовӕмӕ сӕрбӕрзонддзинад ӕппындӕр нӕ хӕццӕ кӕны, йӕ кой дӕр ӕм нӕй. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕй цыппарыл ӕмӕ фендзыстӕм, алкӕцыйӕ дӕр дзы йӕ сӕрныллӕгдзинад куыд зыны, уый. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, Йесо йӕ Фыды сӕрныллӕгдзинад куыд фӕзмыдта, уымӕ. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ сӕрныллӕгдзинад ноджы тынгдӕр фӕзмӕм.
ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ ЙӔМ КУВӔМ
2. Псалом 62:8 стихӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
2 Сӕрбӕрзонд адӕмимӕ аныхас кӕнын фылдӕр хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Сӕрбӕрзонд адӕм арӕх иннӕтӕм хорз зӕрдӕ нӕ фӕдарынц, уымӕн ӕмӕ сӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл фӕнымайынц, ӕмӕ сӕ иннӕтӕ сӕхи фӕхизынц. Йегъовӕ уыдонӕй куыд тынг хицӕн кӕны! Нӕ уӕларвон Фыд сӕрныллӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм ӕмӕ йын дзурӕм, нӕ зӕрдӕйы рӕбын цы ис, уый. (Бакӕс Псалом 62:8.) Сывӕллон йӕ фыдӕн йӕ хъӕстытӕ куы фӕкӕны, уӕд ӕм фыд куыд лӕмбынӕг фӕхъусы, афтӕ Йегъовӕ дӕр йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм лӕмбынӕг фӕхъусы. Йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕй бирӕтӕ Библийы ныффыссын кодта. Уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы тынг кӕй фӕнды нӕ куывдтытӕм хъусын (Йес. Н. 10:12–14; 1 Сам. 1:10–18). Фӕлӕ нӕм кӕд нӕ рӕдыдтыты тыххӕй хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ бон нӕу Йегъовӕмӕ кувын, уӕд цы ис саразӕн?
Лӕппу йӕ фыдӕн дзуры, хъазӕнӕй куы хъазыд, уӕд вазӕ кӕй асаста. Фыд Йегъовӕйы фӕзмы, ӕмӕ йӕм фӕразонӕй хъусы. (Кӕс 2 абзац.)
3. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм арӕх кувӕм?
3 Нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ уарзты аккаг не стӕм, уӕддӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым Йегъовӕйы абарста фӕлмӕнзӕрдӕ фыдимӕ. Сӕфт фыртмӕ афтӕ каст, ӕмӕ уый аккаг нӕ уыд, цӕмӕй йӕ йӕ фыд йӕ фырт хона. Ӕмӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд фыд куыд бакодта? Йесо загъта, зӕгъгӕ, фыд йӕ фырты куыддӕр ауыдта, афтӕ «йӕм азгъордта, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын апъа кодта» (Лук. 15:17–20). Йегъовӕ у уыцы фыды хуызӕн. Нӕ рӕдыдтыты тыххӕй нӕхимӕ кӕй ныхъхъусӕм кӕнӕ истӕуыл кӕй фӕтыхсӕм, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕм лӕмбынӕг фӕхъусы (Йер. хъ. 3:19, 20). Йегъовӕ нӕ хорз ӕмбары ӕмӕ, йӕ фырты размӕ чи разгъордта, уыцы фыдау нын ӕмбарын кӕны, кӕй нӕ уарзы, уый ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕны (Ис. 57:15). Куыд? Арӕх нӕ бафидар кӕны хистӕр нӕлгоймӕгты, нӕ бинонты ӕмӕ йӕ иннӕ лӕггадгӕнджыты уылты (Иак. 5:14, 15). Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм.
4. Адӕмӕн Йесоимӕ ӕнцон цӕмӕн уыд?
4 Йесо йӕ Фыды фӕзмы. Йесо дӕр йӕ Фыдау сӕрныллӕг у. Зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд-иу ӕм адӕм сӕхи ивӕзтой, уымӕн ӕмӕ сын йемӕ ӕнцон уыд. Сӕрибарӕй-иу ӕм фарстатӕ лӕвӕрдтой (Мар. 4:10, 11). Ӕмӕ-иу сӕ йӕхӕдӕг истӕмӕй куы бафарста, уӕд-иу ын, цы хъуыды кодтой, уый ӕргом дзырдтой (Матф. 16:13–16). Ӕмӕ-иу куы фӕрӕдыдысты, уӕд-иу нӕ тарстысты, кӕй сӕ бафхӕрдзӕн, уымӕй. Уыдон зыдтой, Йесо хӕларзӕрдӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ фӕразон кӕй у (Матф. 17:24–27). Йесо йӕ Фыды ӕххӕстӕй кӕй фӕзмыдта, уый фӕрцы йӕ фӕдылдзӕуджытӕ Йегъовӕйы хуыздӕр базыдтой (Иоан. 14:9). Базыдтой, Йегъовӕ тынг кӕй хицӕн кодта уӕды рӕстӕджы хъӕбӕрзӕрдӕ ӕмӕ сӕрбӕрзонд дины разамонджытӕй.
5. Сӕрныллӕгдзинад нӕм куы уа, уӕд иннӕтӕн немӕ ӕнцон цӕмӕн уыдзӕн?
5 Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын? Сӕрныллӕг уӕм, ууыл куы архайӕм, уӕд иннӕтӕн немӕ ӕнцондӕр уыдзӕн. Сӕрныллӕгдзинад нӕм куы нӕ уа, уӕд иннӕтӕм хӕлӕг кӕндзыстӕм, уыдзыстӕм сӕрбӕрзонд ӕмӕ нӕ чи фӕхъыг кӕна, уыдонӕн нӕ хатыр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй иннӕтӕ сӕхи дард ласдзысты. Фӕлӕ нӕм сӕрныллӕгдзинад куы уа, уӕд уыдзыстӕм хӕларзӕрдӕ, фӕразон ӕмӕ хатыргӕнаг. Уый фӕрцы иннӕтӕн немӕ ӕнцондӕр уыдзӕн (Кол. 3:12–14). Уӕлдайдӕр та хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ архайой, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн семӕ ӕнцон уа. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн уыдзӕн, семӕ фылдӕр рӕстӕг куы ӕрвитой, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕмбырдтӕм Паддзахады залмӕ цӕуой, видеоконференцийы фӕрцы-иу сӕм ма баиу уой, фӕлӕ. Уымӕй уӕлдай ма, гӕнӕн куы вӕййы, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фӕхъусын кӕнынц. Уый фӕрцы хъусынгӕнджытӕ хистӕр нӕлгоймӕгты хуыздӕр базонынц, ӕмӕ сын ӕнцондӕр вӕййы уыдонӕй ӕххуыс ракурын.
ЙЕГЪОВӔ У ӔМБАРГӔ
6, 7. Йегъовӕ йӕ тӕрхон аивынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.
6 Сӕрбӕрзонд чи у, уыдон арӕх афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ алцыдӕр иннӕтӕй хуыздӕр зонынц ӕмӕ сӕ нӕ фӕфӕнды сӕ хъуыды ивын. Фӕлӕ Йегъовӕ, йӕ зондӕн ӕмбал кӕмӕн нӕй, уый, бынтон ӕндӕрхуызон у. Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ у ӕмбаргӕ, ома йӕ хъуыды аивынмӕ дӕр цӕттӕ вӕййы. Нӕ зӕрдыл-ма Мариамы хабар ӕрлӕууын кӕнӕм. Мариам ӕмӕ Аарон се ’фсымӕр Моисейӕ хъаст кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ Моисей Йегъовӕйы номӕй кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Мариам Хуыцауӕн йӕхи ныхмӕ дзырдта. Уый тыххӕй йӕм Йегъовӕ смӕсты ӕмӕ йыл хъотыр бафтыдта. Фӕлӕ Аарон Моисейӕн куы загъта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид, уӕд Моисей Хуыцауӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Мариамы сдзӕбӕх кодтаид. Цымӕ Йегъовӕ куыд бакодта? Сӕрбӕрзонд куы уыдаид, уӕд ын цы тӕрхон рахаста, уый нӕ аивтаид. Фӕлӕ Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Моисеймӕ байхъуыста, ӕмӕ Мариамы сдзӕбӕх кодта (Ным. 12:1–15).
7 Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый ма зыны паддзах Езекийы хабарӕй дӕр. Йегъовӕ йӕ пехуымпары уылты Езекийӕн загъта, кӕй амӕлдзӕн. Езеки цӕссыгкалгӕйӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кодтаид. Ӕмӕ йӕм Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста, ӕмӕ йын йӕ царды бонтӕм бафтыдта 15 азы (2 Пад. 20:1, 5, 6). Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнджыты зын ӕмбары ӕмӕ цӕттӕ вӕййы йӕ хъуыды аивынмӕ.
8. Йесо ӕмбаргӕ кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг? (Марчы 3:1–6).
8 Йесо йӕ Фыды фӕзмы. Йесо-иу иннӕтӕн хорздзинад арӕзта, гӕнӕн-иу кӕддӕриддӕр уыд, уӕд. Зӕгъӕм, сабаты-иу рынчынты сдзӕбӕх кодта. Уый тыххӕй-иу ӕм дины разамонджытӕ мӕстӕй рафыхтысты. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, сабаты ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын не ’мбӕлд. (Бакӕс Марчы 3:1–6.) Абон Йесо у ӕмбырды хистӕр ӕмӕ у ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ. Зӕгъӕм, ӕмбырды исчи стыр тӕригъӕд куы саразы, уӕд ӕм Йесо фӕразондзинад равдисы ӕмӕ йын фаг рӕстӕг ратты, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕна (Рарг. 2:2–5).
9. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
9 Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын? Хъуамӕ Йегъовӕйӕ ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, ӕмбаргӕ кӕй стӕм, уый (Иак. 3:17). Зӕгъӕм, ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн сӕ алы фӕнд дӕр не ’ххӕст кӕндзысты, стӕй сӕ нӕ домдзысты, сӕ бон цы нӕу, уый. Уый хорз зыны Иаковы цӕвиттонӕй. Фыст ис Райдианы 33:12–14 стихты. Сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ ныййарджытӕ ма фӕархайынц, цӕмӕй-иу сӕ сывӕллӕтты кӕрӕдзиимӕ ма барой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ ӕмбаргӕ уой. Зӕгъӕм, сӕ ныхасыл-иу нӕ ныллӕудзысты. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ фылдӕр цы хъуыды кӕнынц, уыимӕ-иу сразы уыдзысты, кӕд сӕ хъуыды Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ нӕу, уӕд (1 Тим. 3:2, 3). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕт дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй иннӕты ӕмбарӕм, кӕд мах бынтон ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнӕм, уӕддӕр (Ром. 14:1). О, ӕмбырды алчидӕр хъуамӕ архайа, Павел Филиппӕгтӕм 4:5 стихы цы ныффыста, уымӕ гӕсгӕ: «Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр».
Ӕмбаргӕ фыд йӕ сывӕллӕттӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы, сӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ фӕдомы (кӕс 9 абзац)
ЙЕГЪОВӔ У ФӔРАЗОН
10. Йегъовӕ фӕразондзинад куыд равдыста, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.
10 Ӕвӕццӕгӕн сразы уыдзынӕ, сӕрбӕрзонд адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй нӕ уарзынц, уыимӕ. Ахӕм адӕмӕн фӕразондзинад нӕ фӕфаг кӕны. Уыдонӕй уӕлдай Йегъовӕмӕ ис диссаджы фӕразондзинад! Зӕгъӕм, Нойы заман Йегъовӕ загъта, 120 азы ма кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цалынмӕ фыдгӕнджыты нӕ фесафа, уӕдмӕ (Райд. 6:3). Уый фӕрцы Нойӕн уыд фаг рӕстӕг, цӕмӕй йӕ фыртты схъомыл кодтаид ӕмӕ йӕ бинонтимӕ нау сарӕзтаид. Ӕркӕсӕм-ма ноджыдӕр иу хабармӕ. Йегъовӕ Авраамӕн куы загъта, Содом ӕмӕ Гоморрӕ кӕй фесафдзӕн, уӕд ӕй Авраам фарстаты бын фӕкодта. Йегъовӕ сӕрбӕрзонд куы уыдаид, уӕд Авраамӕн загътаид: «Куыд бакӕнон, уый мӕхӕдӕг хуыздӕр зонын!» Фӕлӕ Йегъовӕ сӕрныллӕг у, ӕмӕ йӕм фӕразонӕй хъуыста (Райд. 18:20–33).
11. 2 Петры 3:9 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ фӕразондзинад цӕмӕн ӕвдисы?
11 Йегъовӕ сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ фӕразондзинад абон дӕр ӕвдисы. Ацы дунейӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕн бӕлвырд рӕстӕг снысан кодта. Ӕмӕ уыцы бонмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат». (Бакӕс 2 Петры 3:9.) Цымӕ Йегъовӕ уыйбӕрц рӕстӕг дзӕгъӕлы ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Нӕ! Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕй милуантӕ йӕ хӕлӕрттӕ систы. Ӕмӕ нӕ ныфс ис, ноджыдӕр ма сӕм милуантӕ кӕй ӕрбаиу уыдзысты. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ фӕразондзинад ӕгӕрон нӕу. Йегъовӕ адӕмы уарзы, фӕлӕ сын ӕнустӕм, цы сӕ фӕнды, уый кӕныны бар нӕ дӕтдзӕн. Фыдгӕнджытӕн ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕндзӕн (Ав. 2:3).
12. Йесо Йегъовӕйы фӕразондзинад куыд фӕзмы?
12 Йесо йӕ Фыды фӕзмы. Йесо мингай азты дӕргъы фӕзмы Йегъовӕйы фӕразондзинад. Йесо уыны, Хӕйрӕг Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны (Райд. 3:4, 5; Иов 1:11; Рарг. 12:10). Стӕй ма Йесо уыны, адӕм куыд хъизӕмар кӕнынц, уый дӕр. Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн, куыд тынг ӕй фӕнды, «цӕмӕй Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала»! (1 Иоан. 3:8). Йесо фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цалынмӕ йын Йегъовӕ нӕ зӕгъа Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ бынтондӕр фехалын. Фӕлӕ йын цымӕ цы ӕххуыс кӕны фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн? Иу уый, ӕмӕ Йесо у сӕрныллӕг. Уый зоны, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй скъуыддзаг кӕны, ацы дунейӕн кӕрон кӕд скӕна, уый (Хъуыд. 1:7).
13. Йесо йӕ апостолтимӕ фӕразон цӕмӕн уыд?
13 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ апостолтимӕ уыд фӕразон. Зӕгъӕм, кӕрӕдзиимӕ-иу куы быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, уый фӕдыл, уӕд-иу сӕм не смӕсты, фӕлӕ-иу семӕ фӕразон уыд (Лук. 9:46; 22:24–27). Зыдта йӕ, рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд кӕй аивдзысты. Афтӕ дын нӕ вӕййы, ӕмӕ уыцы иу рӕдыд ногӕй ӕмӕ ногӕй саразыс? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тынг бузныг дӕ, ахӕм сӕрныллӕг ӕмӕ фӕразон Паддзах нын кӕй ис, уый тыххӕй.
14. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕразон уӕм?
14 Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын? Цӕмӕй Йегъовӕйы хуызӕн хъуыды кӕнӕм ӕмӕ архайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ сахуыр уӕм, «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» хъуыды кӕнын (1 Кор. 2:16). Уый нын иу бонмӕ нӕ рауайдзӕн. Уыцы хъуыддаджы нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ Евангелитӕ кӕсӕм. Стӕй-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм ӕмӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, Йесо куыд бакодта ӕмӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй Йесойау сӕрныллӕг ӕмӕ фӕразон уӕм. Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын куы сахуыр уӕм, уӕд Йегъовӕйы фӕзмдзыстӕм, ӕмӕ нӕхи рӕдыдтытӕм ӕмӕ иннӕты рӕдыдтытӕм дӕр раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм (Матф. 18:26–30, 35).
ЙЕГЪОВӔ СӔРНЫЛЛӔГ АДӔМЫ УЫНЫ
15. Йегъовӕ сӕрныллӕг адӕмы кӕй уыны, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс (Псалом 138:6).
15 Бакӕс Псалом 138:6. Ахъуыды-ма кӕн: Дун-дунейы Хицау сӕрныллӕг адӕмӕн тынг аргъ кӕны. Уый махӕн стыр кад у! Ӕркӕсӕм ӕрмӕстдӕр цалдӕр цӕвиттонмӕ ӕмӕ фенӕм, ӕнусты дӕргъы-иу Йегъовӕ сӕрныллӕг адӕмӕн куыд скад кодта, уый. Чи зоны дзы кӕйдӕрты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ нӕ зонӕм, фӕлӕ сын Йегъовӕ сӕ нӕмттӕ Библийы ныффыссын кодта. Уыдонӕй иу уыд Деворӕ. Уый Исахъ ӕмӕ Иаковы бинонтӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта 125 азы бӕрц! Уыцы иузӕрдион сылгоймаджы тыххӕй тынг гыццыл зонӕм. Фӕлӕ Хуыцау Моисейӕн Библийы иу лыстӕг хабар ныффыссын кодта, ӕмӕ уымӕй базонӕн ис, Деворӕйы куыд тынг уарзтой, уый (Райд. 24:59; 35:8, фип.). Ӕнусты фӕстӕ Хуыцау йе ’ргом раздӕхта иу ӕрыгон фыййау лӕппумӕ, Давидмӕ, ӕмӕ аскъуыддзаг кодта, Израилы паддзах кӕй суыдзӕн (2 Сам. 22:1, 36). Йесо куы райгуырд, уый хӕдфӕстӕ Хуыцау фыййӕуттӕм зӕды арвыста, цӕмӕй уыцы хуымӕтӕг адӕмӕн фехъусын кодтаид, Мессийӕ чи хъуамӕ суыдаид, уыцы сывӕллон Вифлеемы кӕй райгуырд. Уый тыххӕй фыццаг уыдонӕн кӕй фӕхабар кодта, уымӕй сӕ стыр кады аккаг скодта (Лук. 2:8–11). Ӕмӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йесойы кувӕндонмӕ куы ӕрбахастой, уӕд Хуыцау Симеон ӕмӕ Аннӕйы ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй йын йӕ Фырты федтаиккой. Афтӕмӕй Хуыцау равдыста, уыцы ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕн тынг кӕй аргъ кодта, уый (Лук. 2:25–30, 36–38). О, «Йегъовӕ бады бӕрзондыл, фӕлӕ сӕрныллӕг адӕймаджы уыны».
16. Йесо иннӕтӕн куыд уыди, уымӕй йӕ Фыды куыд фӕзмыдта?
16 Йесо йӕ Фыды фӕзмы. Йесо йӕ Фыды фӕзмыдта, ӕмӕ сӕрныллӕг адӕмӕн кад кодта. Ахуырдзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыцы хуымӕтӕг адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад амыдта (Матф. 11:25; Хъуыд. 4:13). Йесо ма дзӕбӕх кодта рынчынты дӕр. Ӕмӕ-иу сӕ куы сдзӕбӕх кодта, уӕд ма-иу сын баххуыс кодта, цӕмӕй-иу сӕхимӕ ӕгад мауал кастаиккой (Лук. 5:13). Йӕ мӕлӕты размӕ изӕр Йесо йӕ апостолты къӕхтӕ ныхсадта. Уый та уыд цагъары хӕс (Иоан. 13:5). Ӕмӕ уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр стыр кады аккаг скодта. Йӕ лӕггадгӕнджытӕн, уыимӕ махӕн дӕр, ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг бахӕс кодта – иннӕтӕн ӕнусон цард ссарынӕн ӕххуыс кӕнын (Матф. 28:19, 20).
17. Иннӕты кӕй уарзӕм ӕмӕ сын кӕй кад кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
17 Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын? Адӕймаг чифӕнды ма уа, цавӕрфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, ахуырдзинад ӕм уа ӕви нӕ – мах хорз хабар хъусын кӕнӕм алкӕмӕн дӕр. Афтӕмӕй равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сын кӕй кад кӕнӕм. Стӕй ма нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты дӕр уарзӕм ӕмӕ сын кад кӕнӕм, кӕд цӕмӕдӕр уыдонӕй хуыздӕр арӕхсӕм кӕнӕ ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнӕм, уӕддӕр (Фил. 2:3). Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, сӕрныллӕг куы вӕййӕм, иннӕты куы фӕуарзӕм ӕмӕ сын куы фӕкад кӕнӕм, уӕд (Соф. 3:12; Ром. 12:10).
Йегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад фӕфӕзмӕм, хорз хабар алыхуызон адӕмӕн кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй (кӕс 17 абзац)a
18. Цӕмӕн дӕ фӕнды Йегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад фӕзмын?
18 Куы архайӕм, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды хуызӕн сӕрныллӕг уӕм, уӕд иннӕтӕн немӕ ӕнцондӕр уыдзӕн, уыдзыстӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕразон. Стӕй иннӕты уарздзыстӕм ӕмӕ сын кад кӕндзыстӕм, Йегъовӕ сӕ куыд уарзы ӕмӕ сын куыд кад кӕны, афтӕ. Уӕдӕ цас тынгдӕр архайӕм, цӕмӕй нӕ сӕрныллӕг Хуыцауы хуызӕн уӕм, уыйас ноджы кадджындӕр уыдзыстӕм йӕ цӕсты! (Ис. 43:4).
159 ЗАРӔГ Ӕз Йегъовӕйы кадджын кӕнын
a НЫВ: Хотӕ Йегъовӕйы уарзондзинад фӕзмынц, ӕмӕ, ахӕстоны чи бады, уыдонимӕ Библи ахуыр кӕнынц.