Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 ноябрь 22–27 фф.
  • «Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ»!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ»!
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕСО АДӔМӔН КУЫД ӔХХУЫС КОДТА, ЙЕГЪОВӔЙӔН ЗЫНАРГЪ КӔЙ СТЫ, УЫЙ БАМБАРЫНӔН?
  • ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ НӔХИМӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ ЦӔСТӔЙ КӔСӔМ?
  • Йегъовӕ «дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йегъовӕ дӕ уарзы фӕлмӕн уарзтӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йесойы фӕстаг 40 боны зӕххыл: цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 ноябрь 22–27 фф.

47 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

«Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ»!

«Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ» (ДАН. 9:23).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Йӕхимӕ ницӕйаг чи кӕсы, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бамбарой, Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ кӕй сты.

1, 2. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй стӕм?

ЙЕГЪОВӔЙӔН йӕ адӕм тынг зынаргъ сты. Фӕлӕ дзы иуӕй-иуты нӕ уырны, Йегъовӕ сӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы, уымӕн ӕмӕ сӕм иннӕтӕ ахӕм цӕстӕй кӕсынц, цыма ницӕйаг сты. Ды дӕр дӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсыс? Кӕд о, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй дӕ?

2 Зӕгъӕм, Библи кӕсгӕйӕ дӕ бон у базонын, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕм дӕр ӕмӕ нӕхимӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсӕм. Йӕ Фырт, Йесо, адӕмӕн аргъ кодта. Ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йӕхи ницӕйагыл чи нымайы, уыцы сӕрныллӕг адӕмӕн йӕ цӕсты ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты стыр аргъ кӕй ис (Иоан. 5:19; Дзут. 1:3). Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм: 1) Йесо адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, Йегъовӕ сын тынг кӕй аргъ кӕны ӕмӕ 2) нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕтӕ баууӕндын кӕнын, мах дӕр Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй стӕм, ууыл (Аг. 2:7).

ЙЕСО АДӔМӔН КУЫД ӔХХУЫС КОДТА, ЙЕГЪОВӔЙӔН ЗЫНАРГЪ КӔЙ СТЫ, УЫЙ БАМБАРЫНӔН?

3. Йесо цы зӕрдӕ дардта, ӕххуыс дзы чи куырдта, уыцы галилейӕгтӕм?

3 Йесо Галилейӕйы хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд ӕм тынг бирӕ адӕм цыд. Фӕндыд сӕ, цӕмӕй йӕм байхъуыстаиккой ӕмӕ сӕ низтӕй сдзӕбӕх уыдаиккой. Йесо уыдта, уыцы адӕм «ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» кӕй уыдысты (Матф. 9:36; кӕс комментаритӕ ацы стихмӕ «Учебная Библия»-йы). Дины разамонджытӕ сӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кастысты ӕмӕ сӕ уый аккагыл нӕ нымадтой, ӕмӕ сыл исчи батыхса. Суанг ма афтӕ дӕр дзырдтой, «ӕлгъыст адӕм сты», зӕгъгӕ (Иоан. 7:47–49; кӕс комментари ацы стихмӕ «Учебная Библия»-йы). Йесо та уыцы адӕмӕн аргъ кодта. Йӕ рӕстӕг-иу сын не ’вгъау кодта, цӕмӕй-иу сӕ ахуыр кодтаид ӕмӕ сӕ сӕ низтӕй дзӕбӕх кодтаид (Матф. 9:35). Уымӕй уӕлдай ма, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн баххуыс кодтаид, уый тыххӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, хорз хабар куыд хъӕуы хъусын кӕнын, уый. Стӕй сын радта низтӕ дзӕбӕх кӕныны тых (Матф. 10:5–8).

4. Уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕмӕ кастысты, уыдонмӕ Йесо цы зӕрдӕ дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

4 Йесомӕ байхъусынмӕ-иу чи ’рбацыд, уыдонмӕ иннӕтӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ кастысты, ницӕуыл сӕ нымадтой. Фӕлӕ сын Йесо кӕй аргъ кодта, уымӕй равдыста, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр зынаргъ кӕй сты. Кӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныс, фӕлӕ дӕхимӕ ницӕйаг кӕсыс, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Йесо уыцы сӕрныллӕг адӕммӕ цы цӕстӕй каст, ууыл. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕйӕн куыд зынаргъ дӕ, уый бамбарынӕн.

5. Йесо Галилейӕйы цы сылгоймагыл сӕмбӕлд, уый тыххӕй цы зонӕм?

5 Йесо адӕмы ӕрмӕст иумӕ нӕ ахуыр кодта, фӕлӕ ма-иу кӕйдӕрты хицӕнӕй дӕр ахуыр кодта ӕмӕ-иу сын баххуыс кодта. Зӕгъӕм, Галилейӕйы хъусын кӕнгӕйӕ Йесо сӕмбӕлд, 12 азы дӕргъы тугцыдӕй чи удхар кодта, ахӕм сылгоймагыл (Мар. 5:25). Закъонмӕ гӕсгӕ сыгъдӕг нӕ уыд. Ӕмӕ йыл чи андзӕвыдаид, уый дӕр сыгъдӕг нал уыдаид. Уый тыххӕй йӕ бон нӕ уыд сӕрибарӕй адӕмы ’хсӕнмӕ цӕуын ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, фылдӕр рӕстӕг иунӕгӕй ӕрвыста. Уымӕй уӕлдай ма йӕ бон нӕ уыд иннӕтимӕ ӕмбырдгӕнӕнмӕ цӕуын ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕнын (Лев. 15:19, 25). Уымӕ гӕсгӕ уыцы сылгоймаг ӕрмӕст йӕ низӕй нӕ хъӕрзыд, фӕлӕ ма йӕхимӕ ницӕйаг дӕр каст (Мар. 5:26).

6. Сылгоймаг йӕ низӕй куыд сдзӕбӕх?

6 Уыцы низӕфхӕрд сылгоймаджы фӕндыд, цӕмӕй йӕ Йесо сдзӕбӕх кодтаид. Фӕлӕ йын комкоммӕ нӕ загъта, сдзӕбӕх-ма мӕ кӕн, зӕгъгӕ. Цӕуылнӕ? Чи зоны йӕм худинаг каст йӕ низы тыххӕй Йесойӕн дзурын. Кӕнӕ та, чи зоны, тарст, адӕмы ’хсӕнмӕ цӕуыны бар ын кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй йӕм Йесо куы смӕсты уа. Фӕлӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ уӕлӕдарӕсыл дӕр ын куы андзӕва, уӕд дӕр кӕй сдзӕбӕх уыдзӕн. Ӕмӕ раст афтӕ бакодта (Мар. 5:27, 28). Йӕ уырнындзинады тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд – йӕ низӕй сдзӕбӕх. Ӕмӕ Йесо куы бафарста, чи мыл андзӕвыд, зӕгъгӕ, уӕд сылгоймаг ӕргом загъта, уый кӕй уыд. Йесо уымӕ цы цӕстӕй ракаст?

7. Йесо рынчын сылгоймагӕн куыд баххуыс кодта? (Марчы 5:34).

7 Йесо уыцы сылгоймагимӕ куыд ныхас кодта, уымӕй бӕрӕг уыд, кӕй йын аргъ кодта. Федта, «тӕрсгӕ-ризгӕйӕ» йӕм кӕй бацыд (Мар. 5:33). Уымӕ гӕсгӕ Йесо йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта ӕмӕ йӕ бафидар кодта. Суанг ма йӕ «мӕ чызг» дӕр схуыдта. Уыдон ӕнӕуи ныхӕстӕ нӕ уыдысты. Уыцы ныхӕстӕй Йесо равдыста, кӕй йын аргъ кӕны ӕмӕ йӕ кӕй уарзы, уый. (Бакӕс Марчы 5:34.) Ацы стихмӕ «Учебная Библия»-йы, дзырдмӕ «дочь» цы комментари ис, уым фыст ис: «Библийы ӕндӕр ахӕм хабар нӕй фыст, цӕмӕй Йесо сылгоймӕгтӕй искӕмӕ, мӕ чызг, зӕгъгӕ, сдзырдтаид. Ӕвӕццӕгӕн ӕй афтӕ уый тыххӕй схуыдта, ӕмӕ уыдта, тӕрсгӕ кӕй кодта, уый». Ахъуыды-ма кӕн, уыцы сылгоймагӕн куыд фенцондӕр! Йесо йӕ йӕ ныхӕстӕй кӕй ӕрсабыр кодта, уый фӕрцы йӕхи аххосджыныл нӕ нымадта, адӕмы ’хсӕнмӕ кӕй рацыд ӕмӕ йын йӕ уӕлӕдарӕсыл кӕй андзӕвыд, уый тыххӕй. Йесо йын баххуыс кодта йӕхимӕ раст цӕстӕй ракӕсынӕн. Бамбарын ын кодта, йӕ уӕларвон Фыд ӕй кӕй уарзы ӕмӕ йын тынг кӕй аргъ кӕны.

8. Бразилийӕ иу хо цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд?

8 Абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты се ’нӕниздзинады тыххӕй сӕ ныфс асӕтты ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуынц. Марийӕa цӕры Бразилийы ӕмӕ лӕггад кӕны ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй. Марийӕ райгуырд ӕнӕ къӕхтӕй ӕмӕ ӕнӕ галиу къухӕй. Уый зӕгъы: «Ахӕмӕй кӕй райгуырдтӕн, уый тыххӕй-иу мӕ скъолайы ӕдзух хынджылӕг кодтой. Алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ-иу мын кодтой. Суанг ма мӕ хиуӕттӕ дӕр сӕхи афтӕ дардтой, ӕмӕ мӕхимӕ ницӕйаг кастӕн».

9. Марийӕйӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаид, Йегъовӕ йын тынг кӕй аргъ кӕны?

9 Марийӕйӕн цы баххуыс кодта? Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уӕд ын ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ удӕнцойы хос систы. Уыдон ын баххуыс кодтой, цӕмӕй йӕхимӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын райдыдтаид. Марийӕ загъта: «Чи мын баххуыс кодта, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ нӕмттӕ мӕ блокноты куы ныффыссин, уӕд дзы цӕугӕ дӕр нӕ бакӕниккой! Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, ахӕм диссаджы бинонтӕ мын кӕй балӕвар кодта». Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Марийӕйӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй бамбӕрстаид, Йегъовӕ йын тынг кӕй аргъ кӕны.

10. Марийӕ Магдалинӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

10 Йесо ма баххуыс кодта ӕндӕр сылгоймагӕн дӕр – Марийӕ Магдалинӕйӕн. Йӕ мидӕг уыд авд дӕлимоны! (Лук. 8:2). Уый тыххӕй-иу, ӕвӕццӕгӕн, йӕхи ӕнахуыр дардта, ӕмӕ дзы иннӕтӕ сӕхи хызтой. Уыцы рӕстӕг ын тынг зын уыд. Тарсти ӕмӕ йӕм афтӕ каст, ӕмӕ йын никӕй бон у баххуыс кӕнын. Йесо дзы дӕлимонты расырдта, ӕмӕ уый сси йӕ фӕдылдзӕуӕг.

Цалдӕр нывы: 1. Йесо талынг уынджы фӕцӕуы ӕмӕ уыны, Марийӕ Магдалинӕ тыхстхуызӕй зӕххыл кӕй бады. 2. Марийӕ Магдалинӕ йӕ мидбылты худы ӕмӕ Йесоимӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ фӕцӕуы.

Йесо Марийӕ Магдалинӕйӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаид, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй у? (кӕс 10, 11 абзацтӕ)


11. Йесо Марийӕ Магдалинӕйӕн куыд равдыста, Йегъовӕ йын тынг кӕй аргъ кӕны? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

11 Йесо ма Марийӕ Магдалинӕйӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаид, Хуыцауӕн тынг зынаргъ кӕй у? Стыр кады аккаг ӕй скодта – фӕхуыдта йӕ, цӕмӕй, йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ хъусын кӕнынмӕ куы цыдаиккой, уӕд-иу уый дӕр семӕ уыдаидb. Уый фӕрцы йын уыд фадат, цӕмӕй хъуыстаид, Йесо иннӕты куыд ахуыр кодта, уымӕ. Стӕй ма йӕм Йесо фӕзынд, цы бон райгас, уыцы бон. Йесо уыцы бон йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй кӕимӕ ныхас кодта, уыдонӕй Марийӕ Магдалинӕ уыд фыццаг. Йесо ма йын бахӕс кодта, цӕмӕй апостолтӕн радзырдтаид, кӕй райгас, уый тыххӕй. Афтӕмӕй йын равдыста, Йегъовӕ йын тынг кӕй аргъ кӕны! (Иоан. 20:11–18).

12. Лидийӕмӕ афтӕ цӕмӕн каст, ӕмӕ никӕй хъӕуы?

12 Абон дӕр бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуынц. Испанийӕ иу хо, Лидийӕ, загъта: «Мӕ мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕд ӕй аборт скӕнын фӕндыд». Хъуыды ма йӕ кӕны, гыццыл куы уыд, уӕд йӕ мад йӕ мӕт ӕппындӕр кӕй нӕ кодта ӕмӕ йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕй кодта. Лидийӕ загъта: «Тынг мӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕ иннӕтӕ уарзтаиккой ӕмӕ мӕ се ’мбалыл нымадтаиккой. Тарстӕн, уый аккаг кӕй никуы уыдзынӕн, ӕмӕ мӕ исчи уарза, уымӕн ӕмӕ мӕ мӕ мад баууӕндын кодта, ӕвзӕр адӕймаг кӕй дӕн, ууыл».

13. Лидийӕ цӕй фӕрцы бамбӕрста, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй у?

13 Фӕстӕдӕр Лидийӕ рӕстдзинад базыдта. Йегъовӕмӕ куывта, Библи каст, ӕмӕ йын уый фӕрцы фенцондӕр. Стӕй йын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕлмӕн ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ хорз хъуыддӕгтӕ баххуыс кодтой, цӕмӕй бамбӕрстаид, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй у. Лидийӕ загъта: «Мӕ сӕрыхицау мын арӕх фӕдзуры, тынг мӕ кӕй уарзы. Стӕй мын мӕ зӕрдыл тынг арӕх ӕрлӕууын кӕны, цы хорз миниуджытӕ мӕм ис, уыдон. Хотӕ ӕмӕ мын ӕфсымӕртӕ дӕр арӕх фӕдзурынц, хорзӕй мӕм цы ис, уый тыххӕй». Мыййаг де ’мбырды дӕр ис, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй у, ууыл баууӕндын зын кӕмӕн у, ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕр? Дӕ бон ын куыд уаид баххуыс кӕнын?

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ НӔХИМӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ ЦӔСТӔЙ КӔСӔМ?

14. 1 Самуилы 16:7 стих нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй бамбарӕм, Йегъовӕ адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый? (Кӕс рамкӕ «Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цӕмӕн аргъ кӕны?».)

14 Дӕ зӕрдыл дар, ацы дунейы адӕм нӕм цы цӕстӕй кӕсынц, Йегъовӕ нӕм ахӕм цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы. (Бакӕс 1 Самуилы 16:7.) Ацы дунейы ахсджиагыл нымайынц адӕймагӕн йӕ уынд ӕмӕ конд, цас ӕхца йӕм ис ӕмӕ йӕм цавӕр ахуырад ис, уый (Ис. 55:8, 9). Фӕлӕ Йегъовӕ уыдӕттӕ ахсджиагыл нӕ нымайы. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕхимӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм. Библийы фыст ис, хатт-иу йӕхимӕ ницӕйаг чи каст, ахӕм адӕмы тыххӕй, зӕгъӕм, Илийа, Ноеминь ӕмӕ Аннӕ. Сӕ хабӕрттӕ сын куы кӕсай, уӕд-иу дӕ хъус ӕрдар, Йегъовӕ сӕ куыд тынг уарзта, уымӕ. Чи зоны ма дӕ бафӕнда ныффыссын, дӕ царды цавӕр хъуыддӕгтӕй уыд бӕрӕг, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы ӕмӕ дын кӕй аргъ кӕны, уый. Кӕнӕ та нӕ публикациты дӕ бон у ӕрмӕг бацагурын, адӕймаг йӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса, уый фӕдылc.

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цӕмӕн аргъ кӕны?

Йегъовӕ адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты куыд сфӕлдыста, уымӕй кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Адӕмы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ бон у, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕной ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суой (Райд. 1:27; Пс. 8:5; 25:14; Ис. 41:8). Ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр хъуамӕ афтӕ макуы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ ницӕйаг стӕм. Уымӕй уӕлдай ма куы фӕархайӕм, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм, йӕ коммӕ кӕсӕм ӕмӕ йын нӕ цард куы снывонд кӕнӕм, уӕд та йын уӕлдай зынаргъ свӕййӕм (Ис. 49:15).

15. Данел «Хуыцауӕн тынг зынаргъ» цӕмӕн уыд? (Данел 9:23).

15 Ма дызӕрдыг кӕн, иузӕрдион кӕй дӕ, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй дӕ. Ацӕргӕ пехуымпар Данелыл 100 азмӕ ’ввахс куы цыд, уӕд иуафон уыд «фӕллад ӕмӕ тыхсаст» (Дан. 9:20, 21). Цымӕ йӕ Йегъовӕ куыд бафидар кодта? Арвыста йӕм зӕд Гавриилы. Уый йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, «Хуыцауӕн тынг зынаргъ» кӕй у ӕмӕ йын йӕ куывдтытӕ кӕй фехъуыста. (Бакӕс Данелы 9:23.) Цымӕ Данел Хуыцауӕн афтӕ зынаргъ цӕмӕн уыд? Данел уыд рӕстгӕнӕг ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта (Йез. 14:14). Йегъовӕ йын йӕ хабар Библийы ныффыссын кодта, цӕмӕй нын удӕнцойы хос уа (Ром. 15:4). Рӕстӕй кӕй архайыс ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй дӕ, уый тыххӕй йын ды дӕр зынаргъ дӕ ӕмӕ дын уымӕ гӕсгӕ дӕ куывдтытӕ хъусы ӕмӕ дын аргъ кӕны (Мих. 6:8; Дзут. 6:10).

16. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, ууыл?

16 Йегъовӕ у дӕ Фыд ӕмӕ дӕ уарзы. Фӕнды йӕ, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна. Дӕ хъӕндзинӕдтӕм дын нӕ ныккомкоммӕ вӕййы (Пс. 130:3; Матф. 7:11; Лук. 12:6, 7). Ацы хъуыды тынг баххуыс кодта, йӕхимӕ ницӕйаг чи кӕсы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕн. Ӕркӕсӕм Испанийӕ иу хойы, Элиа́нӕйы, хабармӕ. Бирӕ азты дӕргъы йӕ йӕ лӕг дӕлӕмӕ кодта ӕмӕ йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодта. Уый тыххӕй йӕм афтӕ каст, цыма никӕй хъӕуы ӕмӕ дзы ницы пайда ис. Элианӕ загъта: «Афтӕ мӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ ницӕмӕн бӕззын, уӕд мӕ цӕстытыл фӕуайын кӕнын, Йегъовӕ мӕ йӕ къухтыл куыд хӕссы, йӕ уарзтӕй мӕ куыд тавы ӕмӕ мӕ куыд хъахъхъӕны» (Пс. 28:9). Хуссар Африкӕйӕ иу хо, Ло́рен, зӕгъы: «Йегъовӕ мӕ уарзы ӕмӕ мӕ йӕхимӕ ’рбакодта. Ӕххуыс мын кӕны, цӕмӕй дзы ма адард уон. Стӕй мын мӕ бар бакодта иннӕты ахуыр кӕнын. Уыдӕтты фӕрцы ӕмбарын, кӕй мын аргъ кӕны ӕмӕ мӕ пайда кӕй ис» (Ос. 11:4).

17. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у, ууыл? (Псалом 5:12). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

17 Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у, ууыл ма дызӕрдыг кӕн. (Бакӕс Псалом 5:12.) Давид Йегъовӕйы хорзӕх абарста «стыр уартимӕ». Уыцы уарт рӕстгӕнджыты хъахъхъӕны. Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у ӕмӕ дӕ фарсмӕ кӕй ис, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнай, уӕд дӕ уый уартау хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ дӕхимӕ ницӕйаг нал кӕсдзынӕ. Фӕлӕ дӕ бон куыд у бамбарын, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у, уый? Йегъовӕ нын Библи радта, цӕмӕй зонӕм, цы цӕстӕй нӕм кӕсы, уый. Уымӕй уӕлдай ма дын хистӕр нӕлгоймӕгты, де ’мбӕлтты ӕмӕ иннӕты уылты дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, тынг зынаргъ ын кӕй дӕ. Уӕдӕ-иу дын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ куы дзурой, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнай?

Хо йӕ мидбылты худгӕйӕ Паддзахады залӕй иннӕ хоимӕ хъусын кӕнынмӕ фӕцӕуы; кӕимӕ фӕцӕуы, уыцы хо йын йӕ къух йе ’уӕхскыл ӕрӕвӕрдта.

Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у, уый фидарӕй куы зонай, уӕд дын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхимӕ ницӕйаг ма кӕсай (кӕс 17 абзац)


18. Иннӕтӕ дӕ куы ’ппӕлой, уӕд-иу уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсай?

18 Хорз дӕ чи зоны ӕмӕ дӕ чи уарзы, уыдон дӕ зӕрдиагӕй куы феппӕлынц, уӕд-иу афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дӕ ӕгӕр хорз ӕнхъӕл сты. Рох дӕ ма уӕд: чи зоны дын Йегъовӕ уыдоны уылты ӕмбарын кӕны, райгонд дӕ кӕй у, уый. Гыццыл раздӕр кӕй кой уыд, уыцы хо, Элианӕ, загъта: «Гыццылгай-гыццылгай мӕ уырнын райдыдта, иннӕтӕ мын цы хорз ныхӕстӕ фӕзӕгъынц, уыдоны аккаг кӕй дӕн. Ууыл баууӕндын мын ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ йӕ зонын, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй ууыл ма дызӕрдыг кӕнон». Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр Элианӕйӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй бамбӕрстаид, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, уый. Ныр лӕггад кӕны пионерӕй ӕмӕ ма Вефилӕн дӕр феххуыс кӕны.

19. Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй дӕ, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнай?

19 Йесойы фӕнды, цӕмӕй алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ уӕларвон Фыд нӕ тынг кӕй уарзы, уый (Лук. 12:24). Уӕдӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй стӕм, ууыл. Уый дӕ макуы рох кӕнӕд! Цӕй уӕдӕ нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнӕм, Хуыцауӕн куыд зынаргъ сты, уый бамбарынӕн!

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Йесо адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, Хуыцауӕн зынаргъ кӕй сты, уый?

  • Тугцыдӕй чи удхар кодта, уыцы сылгоймагӕн Йесо куыд баххуыс кодта?

  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхимӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм?

139 ЗАРӔГ Кӕс-ма, ног дуне!

a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

b Ӕвӕццӕгӕн, Марийӕ Магдалинӕ уыди, Йесо-иу хъусын кӕнынмӕ куы цыди, уӕд-иу йемӕ цы сылгоймӕгтӕ уыд, уыдонӕй иу. Уыцы сылгоймӕгтӕм цы уыд, уый не ’вгъау кодтой, цӕмӕй Йесойӕн ӕмӕ апостолтӕн ӕххуыс кодтаиккой (Матф. 27:55, 56; Лук. 8:1–3).

c Зӕгъӕм, кӕс чиныг «Баввахс у Йегъовӕмӕ», 24 сӕр. Стӕй ма чиныджы «Библийы стихтӕ нӕ цардӕн ӕмӕ нӕ лӕггадӕн» темӕйы «Дызӕрдыг кӕнын, Хуыцау нын кӕй аргъ кӕны, ууыл» цы стихтӕ ис, уыдон бакӕс.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын